Андтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Андтæ
Кæм ис Венесуэлæ, Колумби, Эквадор, Перу, Боливи, Чили, Аргентинæ
Дæргъ 8000 км
Уæрх 500 км
Бæрзонддæр цъупп Аконкагуæ
Цъуппы бæрзæнд 6962 м
Категори ВикиКъæбицы

Андтæ, Андты Кордильерæ (исп. Andes; Cordillera de los Andes) — Зæххы тæккæ даргъдæр[1] æмæ тæккæ бæрзæнддæртæй иу (хох Аконкагуæ, 6962 м)[2] хæххон системæ, цæгатæй æмæ ныгуылæнæй æнæхъæн Хуссар Америкæ мæскъ æркæны. Ранæй-рæтты Андты уæрæх хæццæ кæны 500 км онг (тæккæ уæрæхдæр ран ис Астæуккаг Андты 18° æмæ 20° х.у. астæу — 750 км æввахс)[3]. Астæуккаг бæрзæнд — 4000 м. æввахс.

Андтæ сты егъау æмденджызон донхатæн; Андтæй скæсæны ’рдæм кæлынц Атлантикон фурды бассейны цæугæдæттæ, Андты йæ райдайæн ис Амазонкæйæн æмæ ма йæ дынджыр фæрсагдæттæй бирæтæн, ноджы ма Оринокойы фæрсагдæттæн: Парагвайæн, Паранайæн, Магдаленайæн стæй ма Патагонийы цæугæдæттæн дæр. Ныгуылæны ’рдæм та Сабыр фурды систæмæйы цæугæдæттæ кæлынц (фылдæр цыбыртæ).

Андтæ сты Хуссар Америкæйы ахсджиагдæр климæтон барьер, Сæйраг Кордильерæйы ныгуылæнырдыгæй цы территоритæ ис уыдонмæ нæ уадзы Атлантикон фурды æндæвд, хуссары ’рдыгæй уæвæг территоритæм та Сабыр фурды тæваг нæ хæццæ кæны. Ацы хæхтæ æвæрд сты 6 климæтон роны (экваториалоны, цæгат æмæ хуссар субэкваториалоны, хуссар тропиконы, субтропиконы æмæ ромылы) æмæ хицæн кæнынц (уæлдайдæр астæуукаг хайы) карз контрасттæй, скæсæн æмæ ныгуылæн фæхсытæ куыд уымæлгонд цæуынц, уымæй.

Дзæвгар дæргъвæтин кæй сты, уымæ гæсгæ Андты хицæн ландшафтон хæйттæ тынг хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Уæлцары кондмæ æмæ æндæр æрдзон хицæндзинæдтæм гæсгæ иртасынц æртæ сæйрагдæр регионы — Цæгаты, Централон æмæ Хуссары Андтæ.

Андтæ сæхи айтыгътой Хуссар Америчы авд бæстæйыл — Венесуэлæйыл, Колумбийыл, Эквадорыл, Перуйыл, Боливийыл, Чилийыл æмæ Аргентинæйыл.

Номы равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Италиаг историк Джованни Анелло Оливайы (1631) бæрæгдзырдтæм гæсгæ фыццаджы-фыццаг европæйаг тыхæйбайсджытæ «Андтæ кæнæ Кордильерæтæ» хуыдтой скæсæйнаг рагъ, ныгуылæн та хуыдтой «сьеррæ» («sierra»).[4]

Геологион арæзт æмæ уæлцъары конд[ивын | Бындур ивын]

Андтæ — æндидзын конд хæхтæ сты, амад æрцыдысты ног уæлæмæ сыстытæй Анды (Кордильеры) дагъ геосинклиналон рон-ы бынаты; Андтæ сты дунейы тæккæ егъаудæр альпон дагъджын системæтæй иу (палеозойон æмæ иуырдыгæй байкалаг дагъджын бындурыл). Андты сарæзтаты райдайæн хауы юраг рæстæгмæ. Анды хæххон системæйæн характерон сты триасы рæстæджы цы трогтæ фæзындис уыдон, фæстæдæр байдзаг сты баддзæг æмæ вулканон породæты сывæлдæгтæй. Сæйраг Кордильерæйы егъау массивтæ æмæ Чилийы былгæрæттæ, Донбыл Кордильерæтæ Перуйы фæлгондзынц сæхицæй гранитоидон интрузитæ, мелон периоды кары сты. Æхсæнхæххон æмæ былон къæдзтæ (Альтиплано, Маракайбо æмæ а.д.) сæвзæрыдысты палеогены æмæ неогены рæстæджы. Тектоникон змæлдтæ цæуынц суанг мах дуджы дæр. Уый уымæн афтæ уайы æмæ Хуссар Америкæйы сабырфурдон донбылты цæуы субдукцийы зонæ: Къæйтæ Наскæ æмæ Антарктикон бацыдысты Хуссар-Америкаг къæйы бынмæ, уый та ахъаз кæны хохæвзæрæн процесстæн. Хуссар Америкæйы кæройнаг хуссайраг хай, Артон зæхх, трансформон асастæй хицæнгонд у къаннæг Скотийы къæййæ. Дрейкы æрбакæлæны фæстæ Андты дарддæр кæнынц Антарктикон æрдæгсакъадахы хæхтæ.

Андтæ хъæздыг сты сæйрагдæр хуызджын згъæрты æрзæдтæй, ис дзы ванадий, вольфрам, висмут, къала, зды, молибден, цинк, мысты марг, сурьма æмæ а.д. Сæ гуырæн бынæттæ баст сты сæйрагдæр скæсæн Андты палеозойон структурæтæм æмæ рагон вулканты хъуыртæм; Чилийы территорийы — дынджыр æрхуыйы гуырæн бынæттæ. Ис нефть æмæ æрдзон газ (Андты хохрæбынты Венесуэлæйы, Перуйы, Боливийы, Аргентинæйы). Андты ма ис æфсæйнаджы гуырæн бынæттæ (Боливийы), натрийы тæгъзы (Чилийы), сыгъзæрин, платинæ æмæ изумрудты гуырæн бынæттæ (Колумбийы).

Андтæ арæзт сты сæйрагдæр меридианон паралелон рæгътæй: Скæсæны Андты Кордильерæтæ, Централон Андты Кордильерæтæ, Ныгуылæн Андты Кордильерæтæ, Донбылон Андты Кордильерæтæ, сæ астæуты æвæрд æрцыдысты мидæггаг уæлвæзтæ æмæ платотæ (Пунæ, Альтипано — Боливийы æмæ Перуйы) кæнæ æххæлтæ[5]. Хæххон системæйы уæрæх у рæстæмбис бæрæггæнæнтæм гæсгæ 200–300 км.

Орографи[ивын | Бындур ивын]

Цæгаты Андтæ[ивын | Бындур ивын]

Боливары цъупп Венесуэлæйы

Андты сæйраг системæ арæзт у меридиалон ’здæхт параллелон рæгътæй, кæрæдзийæ дих кæнынц мидæггаг уæлвæзтæй æмæ тæрфтæй. Афтиддæр Венесуæлæйы гæрæнты сæхи цы Карибы Андтæ айтыгътой (хауынц Цæгат Андтæм) уыдон æвæрд цæуынц цæхгæрмæ Карибы денджызы донгæрæтты. Цæгаты Андтæм ма хауынц уымæй уæлдай Эквадоры Андтæ æмæ Цæгат-Хурныгуылæйнаг Андтæ (Венесуэлæйы ныгуылæны æмæ Колумбийы). Цæгаты Андты уæллоздæр хохы рæгътæ сæхиуыл хæссынц къаннæг æрыгон цъититæ, вулканы конустыл та — æнусон миттæ. Сакъадæхтæ Арубæ, Бонайре, Кюрасао Карибы денджызы сты æцæгæй Цæгаты Анды байзæддæгтæ, донмæ куы ныййирвæзынц, уæд ма дзы уæлдон цы бæрзонд цъуппытæ аззайы уыдон.

Цæгат-Ныгуылæйнаг Андты æвзарынц æртæ сæйраг Кордильеры — Скæсæйнаг, Централон, æмæ Ныгуылæйнаг. Иууылдæр сты бæрзонд, уырдыг фæхстимæ æмæ сæ арæзт у дагътæ стыр къæрттæй арæзт. Характерон сын сты ног рæстæджы асæстытæ, æмбарынæдтæ. Сæйраг Кордильерæтæ дихгонд сты егъау тæрфтæй — цæугæдæтты Магдаленæ æмæ Кауки — Патийы дæлвæзтæй.

Скæсæн Кордильерæ у тæккæ бæрзонддæр йæ цæгат-скæсæйнаг хайы (хох Ритакубæ-Бланко, 5410 м); Скæсæны Кордильерæйы асту — незаманы цадон плато (2,5–2,7 мин.м.); æнæуый ацы Кордильерейæн характерон у дынджыр уæлцъары растгонд æмвæзæдтæ. Уæлдæр хæхты — цъититæ. Цæгатырдыгæй Скæсæны Кордильерæйы адарддæр кæнынц рæгътæ: Кордильеру-де-Меридæ (уæлдæр цъупп — хох Боливар, 4981 м) æмæ Сьерру-де-Периха (йæ бæрзонд хæццæ кæны 3540 м); ацы дыууæ рагъы астæу уæрæх дæлвæзон тæрфы хуыссы цад Маракайбо. Кæройнаг цæгаты — горстон массив Сьерра-Невада-де-Санта-Мартæ йæ бæрзæндтæ æфтынц 5800 м (хох Кристобаль-Колон).

Цæугæдон Магдаленæйы дæлвæз хицæн кæны Скæсæн Кордильерæ Централонæй, иннæтимæ абаргæйæ у нарæг æмæ бæрзонд; Централон Кордильерæйы (уæлдайдæр йæ хуссайраг хайы) ис бирæ вулкантæ (Невадо-дель-Уилæ, 5365 м; Невадо-дель-Руис, 5400 м; æмæ æнд.), иутæ дзы архайгæ сты (Кумбаль, 4764 м). Астæумæ Централон Кордильерæ иуцасдæр фæдæлдæр вæййы æмæ дзы рауайы Антьокийы массив, у тынг дихтæгонд цæугæдæтты дæлвæзтæй.

Ныгуылæны Кордильерæ Централонæй дих цæуы цæугæдон Каукæйæ æмæ йæ бæрзæндтæ къаддæр сты (4200 м онг); Ныгуылæны Кордильерæйы хуссары — вулкантæ, Дарддæр ныгуылæны ’рдæм ныллæг (1810 м онг) рагъ Серранию-де-Баудо, дарддæр цæгаты аивы Панамæйы хæхтæм. Цæгатаг æмæ ныгуылæны Цæгат-Ныгуылæйнаг Андтæй — Карибы денджызон æмæ Сабырфурдон аллювеалон дæлвæзтæ.

Экваториалон (Эквадоры) Андтæ хæццæ кæнынц 4° х.у. æмæ сæм хауынц дыууæ Кордильеры (Ныгуылæны æмæ Скæсæны), сæ астæу дæлвæзтæ 2500–2700 м онг. Ацы дæлвæзтæн сæ арæнтæ цы асæстытæ ис, уыдоны дæргъы æрбынат кодта дунейыл тæккæ бæрзонддæртæй кæцы у, ахæм вулканон баст (тæккæ бæрзонддæр дзы сты вулкантæ Чимборасо, 6267 м, Котопахи, 5897 м). Ацы вулкантæ æмæ ма Колумбийы вулкантæ иумæйагæй хауынц Андты фыццаг вулканты бæстæмæ.

Централон Андтæ[ивын | Бындур ивын]

Вулкан Мисти Перуйы

Централон Андты (28° х.у. онг) дих кæнынц Перуйы Андтæ (хуссарырдæм хæццæ кæнынц 14°30́ х.у. онг) æмæ Централон Андты сæхи. Перуйы Андты æрæджиау сбæрзæндты тыххæй æмæ цæугæдæтты (егъаудæртæ дзы Мараньон, Укаяли æмæ Уальяги хауынц уæллаг Амазонкæйы системæмæ) интенсивон куысты тыххæй рауадысты параллелон рæгътæ (Скæсæны, Централон æмæ Ныгуылæны Кордильерæтæ) æмæ арф дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ каньонты системæтæ. Перуйы Андты бæрзонддæр цъуппытæ 6000 м фæуæлдæр сты (уæлдæр тæпп хох Уаскаран, 6768 м); Кордильера-Бланкайы нырыккон ныйихдзинад (уырыс. оледенение). Альпон уæлцъары скæндтыты формæтæ ма парахат сты дыркъуым ръæгтыл — Кордильера-Вильканотæ, Кордильера-де-Вилькабамбæ, Кордильера-де-Карабая.

Хуссарырдæмдæр лæууы Андты тæккæ уæрæхдæр хай — Централонандийы уæлхох (йæ уæрæх 750 км онг), уым фылдæр сты аридон геоморфологион процесстæ; уæлхохы фылдæр хай ахсы тъæпæнхох Пунæ йæ бæрзæндтæ 3,7–4,1 мин м. Пунæйæн характерон сты æнæакæлæн тæрфтæ («больсонтæ»), ахст æрцыдысты цадтæй (Титикакæ, Поопо æмæ а.д.) æмæ цæхдзыд мæртæй (Атакамæ, Койпаса, Уюни æмæ а.д.). Пунæйæ скæсæнырдæм — Кордильера-Реаль Анкоумайы цъупп, 6550 м) тыхджын нырыккон ныйихдзинадимæ; плато Альтиплано æмæ Кордильера-Реалы астæу, 3700 м бæрзæндыл сахар Ла-Пас, Боливийы сæйраг сахар — дунейы тæккæ уæлхохагдæр. Кордильера-Реалæй скæсæнырдæм — Скæсæн Кордильерæйы субандийы дагъгонд рæгътæ, хæццæ кæнынц 23° х.у. онг. Кордильера-Реалы хуссайраг дарддæрдзу у Централон Кордильерæ æмæ ма цалдæр стыркъуыбарджын массивы (уæлдæр тæпп хох Эль-Либертадор, 6720 м). Ныгуылæнырдыгæй Пунæйы фæлгæт кæны Ныгуылæн Кордильерæ интрузивон цъуппытимæ æмæ бирæнымæцон вулканон бæрзæндтимæ (Сахамæ, 6780 м; Льюльяйльяко, 6723 м; Сан-Педро, 6159 м; Мисти, 5821 м; æмæ а.д.), хауынц Андты дыккаг вулканты бæстæмæ. 19° х.у.-æй хуссарырдæм Ныгуылæн Кордильерæйы фæхстæ рацæуынц дæргъмæ дæлвæзы тектоникон ныххаудмæ, йæ хуссар йын ахсы æдзæрæгран Атакамæ. Дæргъмæ дæлвæзы фæстæ — ныллæг (1500 м онг) интрузивон Донбылон Кордильерæ, уымæн характерон сты арридон уæлцъары скæндтытæ.

Пунæйы æмæ Централон Андты ныгуылæйнаг хайы — тынг бæрзонд миты хахх (ранæй-рæтты 6500 м уæлдæр), уымæ гæсгæ мит бæрæггонд æрцыдис афтиддæр тæккæ уæлдæр вулканон конустыл, цъититæ та ис афтиддæр Охос-дель-Саладойы массивты (сæ бæрзонд 6880 м онг).

Хуссары Андтæ[ивын | Бындур ивын]

Андтæ Аргентинæ æмæ Чилийы арæнты цур

Хуссары Андтæ сæхи айтыгътой 28° х.у.-æй хуссары ’рдæм, дих сæ фæкæнынц дыууæ хайыл — цæгатаг (Чилийы-Аргентинæйы кæнæ Субтропикон Андтæ) æмæ хуссайраг (Патагонийы Андæ) хæйттыл. Чилийы-Аргентинæйы Андтæ хуссарырдæм хæццæ кæнынц æмæ снарæг вæййынц 39°41́ х.у., дзæбæх зыны сæ æртæхуызон конд — Донбылы Кордильерæ, Дæргъмæ дæлвæз æмæ Сæйраг Кордильерæ; фæстаджы арæнты Кордильера-Фронталы — Андты уæллоздæр цъупп, хох Аконкагуæ (6960 м), уыимæ ма егъау цуппытæ Тупунгато (6800 м), Мерседарио (6770 м). Миты хахх ам дæр тынг уæллоз æвæрд у (32°40́ х.у. бын — 6000 м). Кордильера-Фронталæй ныгуылæнырдæм Рагон Прекордильерæтæ.

33° х.у. хуссарырдæм (52° х.у. онг), йæхи айтыгъта Андты æртыккаг вулканты бæстæ, ис дзы дзæвгар нымæц архайæг (фыццаг дæр Сæйраг Кордильерæйы æмæ йæхицæй скæсæны ’рдæм) æмæ хуыст вулкантæ (Тупунгато, Майпо, Льюльяйльяко æмæ æнд.).

Хуссарырдæм цæугæйæ миты хахх дæлдæрæй-дæлдæр кæны æмæ 51° х.у. бын хæццæ кæны 1460 м. Уæллоз рæгътæ райсынц альпон типы миниуджытæ, фæфылдæр вæййы нырыккон ныссæлды фæзуат, фæзынынц бирæнымæцон цъитион цадтæ. 40° х.у. хуссарырдæм райдайынц Патагонийы Андтæ, сæ рæгътæ сты ныллæгдæр Чилийы-Аргентинæйы Андтæй (уæлдæр цупп — хох Сан-Валентин — 4058 м). 52° х.у. цур тынг дихтæгонд Донбылы Кордильерæ ныгъуылы фурды æмæ йæ цъуппытæй сæвзæрынц къæдзæхджын сакъадæхты æмæ архипелагты рæнхътæ; Дæргъмæ дæлвæзæй та рауайы донкъубæлтты системæ, æмæ хæццæ кæны Магелланы донкъубалы скæсæйнаг хаймæ. Магелланы донкъубалы районы Андтæ (ам хæссынц ном Артон зæххы Андтæ) цæхгæрмæ ныгуылæны ’рдæм акъул кæнынц. Патагонийы Андты миты хахх иучысыл фæуæлдæр вæййы 1500 м (кæройнаг хуссары у 300-700 м, 46°30́ х.у. та цъититæ æрхæццæ вæййынц фурды æмвæзмæ), уæлиуæг кæнынц уæлцъары цъитион формæтæ (48° х.у. бын — хъомысджын Патагонийы цъитион уарт йæ фæзуат 20 мин км² фылдæр, уырдыгæй скæсæн æмæ ныгуылæны ’рдæм æрбырынц бирæкилометрон цъититы æвзæгтæ); иуæй-иу ныгуылæны дæлвæзон цъититæ фæвæййынц сæ фæндаг стыр цадты. Донбылтыл, тынг лыггондтыл фьордтæй, сæхи уæлæмæ ивазынц æрыгон вулканон конустæ (Корковадо æмæ а.д.) Арты Зæххы Андтæ дæллоз сты (2469 м онг).

Цъуппытæ[ивын | Бындур ивын]

Аргентинæ[ивын | Бындур ивын]

Аргентинæ æмæ Чилийы астæу[ивын | Бындур ивын]

Боливи[ивын | Бындур ивын]

Боливи æмæ Чилийы астæу[ивын | Бындур ивын]

Чили[ивын | Бындур ивын]

Колумби[ивын | Бындур ивын]

Эквадор[ивын | Бындур ивын]

  • Антисана, 5752 м.
  • Кайамбе, 5790 м.
  • Чимборасо, 6268 м.
  • Корасон, 4790 м.
  • Котопахи, 5897 м.
  • Ель Алтар, 5320 м.
  • Иллинизе, 5248 м.
  • Пучинча, 4784 м.
  • Килотоæ, 3914 м.
  • Ревентадор, 3562 м.
  • Сандау, 5230 м.
  • Тунгурауа, 5023 м.
  • Титикача, 5035 м.

Перу[ивын | Бындур ивын]

Венесуэлæ[ивын | Бындур ивын]

Бæстыхъæд[ивын | Бындур ивын]

Цæгаты Андтæ[ивын | Бындур ивын]

Андты цæгатаг хай хауы цæгат æрдæгтымбылы субæкваториалон ронмæ; ам раст куыд хуссар æрдæгтымбылы субæкваторилон роны бæрæггонд цæуы уымæл æмæ хус сезонты ивындзинад; дæлдзырæдтæ æркæлынц майæ ноябрмæты, тæккæ цæгатаг районты уымæл сезон цыбырдæр вæййы. Скæсæйнаг фæхстæ бирæ тынгдæр цæуынц уымæлгонд ныгуылæйнæгтæй; дæлдзырæттæ (уырыс. осадки) (азмæ 1000 мм бæрц) æруарынц фылдæр сæрды. Карибы Андтæ лæууынц тропикон æмæ субэкваториалон рæтты арæныл æмæ дзы нæхъæн аз æлдариуæг кæны тропикон уддзæф; ам дæлдзæрæттæ гыццыл сты (арæх азмæ 500 мм къаддæр); цæугæдæттæ цыбыртæ, характерон сæрдыгон ивылдтытимæ.

Экваториалон роны сезонон æнкъуыстытæ зæгъæн ис æмæ сæхи не ’вдисынц; афтæ Эквадоры сæйраг сахар Китойы æхсæнмæйон температурæты ивд азмæ дæтты æрмæст 0,4 °C. Дæлдзырæттæ арæх сты (2500-7000 мм азмæ, хаттæй-хатт хæццæ кæнынц 10000 мм) æмæ фæхстыл æмбæрцдæр уæрст сты субэкваториалон ронимæ абаргæйæ. Дырысæй бæрæг у уæлбæрзондмæ гæсгæ климæтон рæттыл дихдзинад. Хæхты дæллаг хайы — тæвд æмæ уымæл бæстыхъæд, дæлдзырæттæ вæййынц æрвылбон; ныллæг рæтты бирæнымæцон цыфдзæстытæ. Бæрзондимæ дæлдзырæтты нымæц къаддæрæй къаддæр кæны, фæлæ уыимæ рæзы миты æмбæрзты хъомыс. 2500-3000 м бæрзондмæ температурæ стæмхатт æрхауы 15 °C къаддæр, сезонон æнкъуыстытæ чысыл сты. Фæлæ ам боны дæргъы температурæйы æнкъуыстытæ дзæвгар сты (20 °C бæрц), боныхъæды бон у суткæмæ цæхгæрмæ аивын. 3500-3800 м бæрзæндтыл суткæйы температурæтæ æнкъуысынц 10 °C нысаны цур. Уæлдæр хæхтæм — тызмæг бæстыхъæд, арæх миты тыхдымгæтæ æмæ митуæрдтытæ; боны температурæтæ сты 0 °C уæлдæр, фæлæ талынгæй æрцæуынц тыхджын ирдгæтæ (уырыс. заморозки). Бæстыхъæд хус уымæн у æмæ стыр байсыстимæ æруары гыццыл дæлдзырæттæ. 4500 м уæлдæр — æнусон миттæ.

Централон Андтæ[ивын | Бындур ивын]

Æдзæрæгран Атакамайы

5° æмæ 28° х.у. астæу фиппайд цæуы ирд æргомгонд ассиметри дæлдзырæтты уæрсты — фæхстыл; ныгуылæйнаг фæхстæ бирæ цауддæр уымæлгонд цæуынц скæсæйнæгтæй. Сæйраг Кордильерæйæ ныгуылæнырдæм — æдзæрæг тропикон арвыхæд (йе сфæлдыстæн дзæвгар ахъаз кæны уазал Перуйы гуылфæн), цæугæдæттæ бирæ не сты. Кæд Цæнтралон Андты цæгатаг хайы æруары 200-250 мм дæлдзырæттæ азмæ, уæд хуссары ’рдыгæй та сæ бæрц фæкъаддæр вæййы æмæ ранæй-рæтты азмæ 50 мм нæ фæуæлдæр вæййы. Андты ацы хайы йæхи айтыгъта Атакамæ — зæххы къорийы тæккæ хусдæр æдзæрæгран. Æдзæрæгрæттæ кæмдæрты схизынц уæлæмæ 3000 м уæлдæр дæнджызы æмвæзадæй. Цыбырнымæцон оазистæ æвæрд сты сæйрагдæр къаннæг цæугæдæтты кæмтты, ацы дæттæ сæхи æфсадынц хæххон цъититæй. Æхсæнянварон температурæ донбылон районты æнкъуысы 24 °C-æй цæгаты 19 °C-мæ хуссары, æхсæниюлон — 19 °C-æй цæгаты 13 °C-мæ хуссары. 3000 м уæлдæр Хус Пунæйы гыццыл дæлдзырæттæ (стæм хатт азмæ 250 мм фылдæр); бæрæггонд цæуынц уазал дымгæты æрбафтыдтæ, уæд температурæйы бон у æрхауын −20 °C онг. Июлы рæстæмбис температурæ 15 °C сæрты нæ хизы.

Гыццыл бæрзæндтыл, тынг къаннæг къæвдаты бæрцимæ, уæддæр бæрæггонд цæуы дзæвгар уæлдæфы уымæлдзинад (80 % онг), уымæ гæсгæ арæх сты мигъ æмæ æртæх. Альтиплано æмæ Пунæйы платотыл — тынг тызмæг арвыхъæд, æхсæназон температурæтæ 10 °C сæрты нæ хизынц. Егъау цад Титикакæ фæлмæнгæнæн архайд дæтты æмбаст территориты арвыхъæдæн, цады цур районты температурæйы æнкъуыстытæ афтæ тынг нæ зынынц. Сæйраг Кордильерæйы скæсæнырдæм стыр дæлдзырæтты нымæц (3000 — 6000 мм азмæ, сæйрагдæр сæ рбахæссынц сæрдыгон скæсæйнаг дымгæтæ), бæзджын цæугæдæтты системæ. Кæмтты уæлдæфон массæтæ Атлантикон фурдæй цæхгæрмæ ахизынц Скæсæны Кордильерæ æмæ уымæл кæнынц йæ ныгуылæйнаг фахс дæр. Цæгаты 6000 м хуссары та 5000 м уæлдæр — афæдзы дæргъы рæстæмбис æппæрццæг температурæтæ; хус арвыхъæды тыххæй цъититы нымæц бирæ нæу.

Хуссары Андтæ[ивын | Бындур ивын]

Чилийы-Аргентинæйы Андты арвыхъæд — субтропикон, æмæ ныгуылæйнаг фæхсты уымæлдзинад зымæгон циклонты хардзæй фылдæр у, субэкваториалон ронимæ абаргæйæ; хуссарырдæм цæугæйæ дæлдзырæтты азон суммæтæ ныгуылæйнаг фæхстыл тагъд сырæзынц. Сæрд хус у, зымæг уымæл. Фурдæй дарддæр кæнгæ арвыхъæды континентдзинад уæлдæр кæны, рæзынц температурæйы сезонон æнкъуыстытæ. Сахар Сантьягойы, лæууы Дæргъмæ дæлвæзы, тæккæ хъармдæр мæйы æхсайнаг температурæ у 20 °C, тæккæ уазалдæры — 7—8 °C; дæлдзырæттæ дзы æруары гыццыл, 350 мм азмæ (хуссардæр, Вальдивийы, дæлдзырæттæ фылдæр сты — 750 мм азмæ). Сæйраг Кордильерæйы ныгуылæйнаг фæхстыл дæлдзырæттæ Дæргъмæ дæлвæзæй фылдæр ис (фæлæ сабырфурдон былгæрæттæй къаддæр).

Арты зæххы былгæрæттыл

Хуссармæ змæлгæйæ ныгуылæйнаг фæхсты субтропикон арвыхъæд лæгъз ахизы ромыл уæрхæды фурдон арвыхъæдмæ: фæфылдæр вæййынц дæлдзырæтты азон суммæтæ, фæкъаддæр вæййынц хицæндзинæдтæ уымæлдзинады сæзонтæм гæсгæ. тыхджын ныгуылæйнаг уадтæ æрбахæссынц былгæрæттæм бирæнымæцон дæлдзырæттæ (2000 — 3000 мм арæх 6000 мм онг азмæ). Азы 200 бонæй фылдæр цæуынц тыхджын уарынтæ, донбылтыл æрбады бæзджын мигъ, денджызы æдзухдæр карз уад; арвыхъæд цæрынмæ нæ бæззы. Скæсæйнаг фæхстæ (28° æмæ 38° х.у.) хусгонддæр сты ныгуылæйнæгтæй. Тæккæ хъармдæр мæйы æхсæйнаг температурæ ныгуылæйнаг фæхстыл у афтиддæр 10—15 °C, тæккæ уазалдæр 3—7 °C.

Андты кæройнаг хуссайраг хайы, Артон зæххы, — тынг уымæл арвыхъæд, сфæлдисынц æй тыхджын ныгуылæйнаг æмæ хуссар-ныгуылæйнаг дымгæтæ; дæлдзырæттæ (3000 мм онг) æруарынц сæлфынæджы хуызы (фæцæуынц азы бæтты фылдæр хайы). Афтиддæр архипеладжы кæройнаг скæсæйнаг хайы дæлдзырæттæ дзæвгар къаддæр сты. Азы дæргъы лæууынц ныллæг температурæтæ.

Зайæгойтæ æмæ мæртæ[ивын | Бындур ивын]

Кокæ

Андты мæрон-зайæгойон æмбæрзæн тынг алыхуызон у. Афтæ уайы уый тыххæй, æмæ хæхтæ алыхуызон сты бæрзæндмæ гæсгæ, стæй дзæвгар хицæндзинæдтæ ис ныгуылæйнаг æмæ скæсæйнаг фæхсты уымæлдзинады. Уæлбæрзонды тæлмад (уырыс. высотная поясность) Андты дырысæй æргомгонд у. Рахицæн кæнынц æртæ уæлбæрзонды тæлмы — Тьеррæ Кальенте, Тьеррæ Фриæ æмæ Тьеррæ Эльядæ.

Венесуэлæйы Андты зайынц сæ сыфтæ кæмæн æрызгъæлынц зымæгон хусрæстæджы, ахæм хъæдтæ æмæ къутæрджынтæ, æрбынат кодтой сырхмæртыл. Дымгæйы сæр чи аззайы, уыцы фæхсты дæллаг хæйттæ Цæгат-Ныгуылæны Андтæй Централон Андтæм æмбæрзт сты уымæл экваториалон æмæ тропикон хъæдтæй латеритон мæртыл (хæххон гилейæ), уыимæ ма дзы æмбæлынц хæццæ хъæдтæ æнусцъæх æмæ сыфтæрджын бæлæстæй. Æддаг бакастæй экваториалон хъæдтæ ницæмæй хицæн кæнынц сæ хæстæджытæй континенты дæлвæзон хайы; характерон сты алыхуызон пальмæтæ, фикустæ, банантæ, какаойы бæлæстæ æмæ а.д. Уæлдæр (2500–3000 м бæрзæндтæм) зайæгойты фæлгонц ивы; арæх сты хурхъæз, бæласхуыз цил, къутæрджын кокæкокаины равзæрæн), хинæбæлас. 3000 м æмæ 3800 м астæу — уæлхæххон гилейæ, дæлæмæдзыд бæлæстæ æмæ къутæртимæ; парахат сты эпифит æмæ лианæ, хурхъæз, бæласхуыз цил, æнусцъæх тулдз, миртонтæ, мыдæгхуызтæ. Уæлдæр — фылдæр ксерофитон зайæгойтæ, парамос; хъуынайæ цъыфдзæстытæ тъæпæн хæйттыл æмæ æдзæрæг дурджын тыгъдæдтæ уырдыг фæхстыл. 4500 м уæлдæр — æнусон миты æмæ ихы рон.

Хуссардæр, субтропикон чилиаг Андты — æнусцъæх къутæртæ морæмæртыл. Дæргъмæ дæлвæзыл мæртæ сæ скондмæ зæрдыл æфтауынц саумæртæ. Уæлхæххон платоты зайæгойтæ: цæгаты хæххон экватериалон фæзтæ парамос, Перуйы Андты æмæ Пунæйы скæсæны — хус уæлхохон-тропикон тыгъдбыдыртæ халка, Пунæйы ныгуылæны æмæ нæхъæн сабырфурдон ныгуылæны 5—28° астæу — æдзæрæграны зайæгойты типтæ (æдзæрæгран Атакамайы — суккулентон зайæгхалтæ æмæ кактустæ). Бирæ уæлцæрттæ цæхджын сты, уый хъыгдары зайæгойты; ахæм хæйтты æмбæлынц сæйрагдæр скъæлдзой æмæ æхсад хал. 3000 м уæлдæр (денцонæй 4500 м) — æрдæгæдзæрон (уырыс. полупустынная) зайæгойтæ, хонынц æй хус пунæ; зайынц бындзыд къутæртæ (толой), зайæгхалтæ (хæмыцырихи, вейник), хъуынабынтæ, кактустæ. Скæсæны ’рдæм Сæйраг Кордильерæй уары фылдæр дæлдзырæттæ, — тыгъдбыдырон зайæгойæ (пунæ) бирæнымæцон зайæгхалтæ (типчак, скъæлдзой, вейник) æмæ базхуыз къутæртæ. Скæсæны Кордильерæйы уымæл фæхстыл тропикон хъæдтæ пальмæтæ, хинæбæлас) цæуынц 1500 м, 3000 м хæццæ кæнынц дæлæмæдзыд анусцъæх хъæдтæ, уæлиуæгдзинад дзы кæнынц хурхъæз, цилтæ, лианæтæ; стыр бæрзæндтыл — уæлхохон тыгъдбыдыртæ. Андты уæлхохты типикон цæрæг у полилепис — зайæгой уардихуызты (зæрдинхуызты) бинонадæй, хæлиугонд у Колумбийы, Боливийы, Перуйы, Эквадоры æмæ Чилийы; ацы бæлæстæ æмбæлынц 4500 м бæрзондыл дæр.

Чилийы астæуккаг хайы хъæдтæ дзæвгарæй сæфт æрцыдысты; кæддæр хъæдтæ уæлæмæ цыдысты Сæйраг Кордильерæйыл 2500 — 3000 м бæрзæндмæ фæлæ ныр хæхты фæхстæ сыгом сты. Ныр хъæдтæ æмбæлынц афтиддæр хицæн къохты хуызæн (нæзыбæласы, араукарийы, эвкалипты, тæрсы æмæ чъандарайы, хъæдбыны — дрок æмæ сургæнæн).

Араукари

Патагонийы Андты фæхстыл 38° х.у. хуссардæр — субарктикон бирæярусон хъæдтæ, бæрзондхъæд бæлæстæй æмæ къутæртæй, фылдæр æнусцъæхтæй, тарбур хæххон мæртыл, хъæдты бирæ хъуынатæ, цилтæ æмæ лианæтæ; 42° х.у. хуссардæр — хæццæ хъæдтæ (42° х.у. районы ис араукарион хъæдты массив). Зайынц тæрс æмæ магноли, бæласхуыз цилтæ, бæрзондхъæд хихджынтæ, хурхъæз. Патагонийы Андты скæсæйнаг фæхстыл — сæйрагдæр тæрсæй хъæдтæ. Тæккæ кæройнагдæр хуссары та — тундрон зайæгойтæ.

Андты кæройнаг хуссайраг хайы, Артон зæххы, хъæдтæ (зæгъæм сыфтæрджынтæ æмæ æнусцъæхтæ, хуссары тæрстæ æмæ канело) ахсынц афтиддæр нарæг донбылон уадздзаг ныгуылæны; хъæдты арæнтæй уæлдæр зæгъæн ис уайтагъд райдайы миты рон. Скæсæны æмæ ранæй-рæтты ныгуылæны, ахæлиу сты субантарктикон хæххон фæзтæ æмæ торфджынтæ.

Андтæ — райгуырæн бæстæ хинæбæласæн, кокæйæн, тамакойæн, картофæн, томаттæн æмæ ма æндæр зынаргъ зайæгойтæн.

Цæрæгойты дуне[ивын | Бындур ивын]

Саг Пуду — Андты эндемик

Андты цæгатаг хайы цæрæгойты дуне хауы Бразилийы зоогеографикон дæлбæстæмæ, æмæ æнгæстæ у æмарæн быдырты фаунæимæ. Андты цæрæгойты дуне 5° х.у. хуссарырдæм хауы Чилийы-Патагонийы зоогеографикон дæлбæстæмæ. Андты фаунæйæн æмткæй райсгæйæ характерон у эндемикон мыггæгты æмæ хуызты арæхдзинад. Андты цæрынц ламæтæ æмæ альпакæтæ (бынæттон цæрджытæ ацы дыууæ хуызæй пайда кæнынц къумбил æмæ дзиза исынмæ, стæй хæссæн цæрæгойты хуызæн) хæцæгкæдзилджын маймулитæ, реликтон кæсæнцæстон арс, сагтæ пуду æмæ гаэмал (сты Андты эндемиктæ), викуньятæ, гуанако, азары рувас, зивæгойтæ, шиншиллæтæ, дзæкъулджын опоссумтæ, мæлдзыгхортæ, æхсынæгтæ дегу. Хуссары цъæх рувас, магелланы куыдз, эндемикон æхсынæг туко-туко æмæ а.д. Бирæ мæргътæ, сæ астæу колибри, æмбæлы 4000 м бæрзæндтыл дæр фæлæ уæлдай фылдæр æмæ алыхуызон сты «мигъджын хъæдты» (уымæл тропикон хъæдты: Колумби, Эквадоры, Перуйы, Боливийы æмæ Аргентинæйы кæройнаг цæгатныгуылæны, æвæрд сты мигъты конденсацийы тæлмы), эндемикон кондор, йæ бон у стæхын 7000 м бæрзæндмæ æмæ а.д. Кæцыдæр хуызтæ (куыд зæгъæм шиншиллæтæ кæдон XIX — XX райдайæны карз цагъд цыдысты сæ цармы тыххæй; æнæбазыр чомгæтæ æмæ титикакæйаг æхситтгæнæг кæдон æмбæлынц афтиддæр цад Титикакæйы цур æмæ а.д.) сыскъуыды къахыл лæууынц.

Андты хицæндзинад у амфибиты стыр хуызадон алыхуызондзинад (900 хуызæй фылдæр). Андты нымад цæуынц æхсырæйхæсджыты 600 хуызы (13 % эндемиктæ), 1700 хуызы мæргътæ (33,6 эндемиктæ) æмæ 400 хуызы æдзæххдоны цæрæг кæсæгтæ (34,5 % эндемиктæ)[6].

Экологи[ивын | Бындур ивын]

Андты сæйрагдæр экологикон проблемæ у хъæдты сæфт, уыдон нал сног вæййынц; уæлдай тынг фæхъыгдард сты Колумбийы уымæл тропикон хъæдтæ, интенсивонæй сыгъдæггонд цæуынц цæмæй сæ бынаты хинæйы, къофийы бæласы æмæ каучукхæсджыты плантацитæ арæзт æрцæуой.

Разæнгард хъæууон-хæдзарадон хайад сын кæй ис, уымæ гæсгæ андиаг бæстæты цур æрлæууыд мæрты деградацийы проблемæтæ, мæрты хъыгдæрд химикаттæй, эрози, æмæ ма зæххы фæдзæрæгдзинад фос йыл æгæр бирæ кæй хизынц уыцы проблемæ (уæлдайдæр Аргентинæйы). Донбылон районты экологикон проблемæтæ — денджызон доны чизизинад наулæууæнты, æмæ егъау сахарты цур (фурдмæ канализацийы æппарæнтæ æмæ промышленон бырон калд кæй цæуы уый тыххæй), кæсаджы æнæконтролгонд ахст стыр гуырахстытæй.

Куыд нæхъæн дунейы афтæ Андты дæр цыргъ лæууы проблемæ атмосферæмæ хъæрмуатон газты раппæрсты (сæйрагдæр электроэнергийы бакуысты æмæ сау металургийы тыххæй). Егъау бавæрд фалдзусы чизизинады æвæрынц нефтфæлгусæн заводтæ, нефты зыхъхъыртæ æмæ æрзæткъахæнтæ.

Экологикон проблемæты руаджы Андты бирæ цæрæгойты æмæ зайæгойты хуызтæ лæууынц сæфты къахыл.

Хæдзарад[ивын | Бындур ивын]

Индустри[ивын | Бындур ивын]

Адты хæдзарады егъаудæр фадыгтæй — хæххон амалгæнæн индустри. Куыст цæуы æрхуыйы гуырæн бынæтты (Чилийы), æфсæйнаджы (Боливийы), сыгъзæрины (Колумбийы æмæ æнд.) изумрудты (Колумбийы), вольфрамы, къалайы, æвзисты, нефты (кæронон æркъæдзты æмæ хохастæуон къуырфты Аргентинæйы, Боливийы, Венесуэлæйы, Перуйы æмæ æнд.). Кæс ноджы хай «Геологион арæзт æмæ уæлцъары конд».

Хъæууон хæдзарад[ивын | Бындур ивын]

Парахат у хъæууон хæдзарад, специализаци кæны къофийыл (Колумбийы (дунæон æмбырдæй 13 % онг), Венесуэлæйы, Эквадоры, Перуйы), банантыл (Колубийы, Эквадоры), картофыл, хъæбæрхорыл. Карибы Андты — бæмбæггаг, тамако, сизаль. Экваториалон роны æхсайнаг бæрзæндтыл кусынц тамако, къофи, нартхор; стыр бæрзæндтыл (3800 м онг) нартхор, мæнæу, картоф, æмæ ма зайæгой киноа, ахсы ахъаззагдæр бынат бынæттон индейæгты рационы. Скæсæйнаг Кордильеры хорз уымæлгонд фæхсытыл (Централон Андты гæрæнты) скæнынц сæкæры хъæз, какао, къофи æмæ тропикон дыргътæ. Чилийы зайæгойтæ бирæ ласт æрцыдысты Европæйæоливкæтæ, сæнæфсир, цитрусон бæлæстæ; быдырты — мæнæу æмæ нартхор. Фæхсты дзæвгар уырдыджы тыххæй куыст цæуы террасæтыл.

Фосдарды сæйраг арæзт — фысвосдарын (Перуйы уæлхæхты, Патагонийы, Арты Зæххы æмæ æнд.). Хæххон пунæты индейæгтæ кечуа дарынц ламæтæ. Егъау цадты (сæйрагдæр цад Титикакæйы) парахат у кæсагахсæн.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Commons
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Andes

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Е. Н. Лукашова, Южная Америка, М, 1958;
  • Латинская Америка, Энциклопедический справочник, т.1, М, 1980.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Раст зæгъгæйæ тæккæ айтыгъддæр хæххон системæ Зæххыл у Астæуукаг-фурдон рагъ (уырыс. Срединно-окенический хребет) — рæгъты баст, йæ иумæйаг дæргъ у 80 мин км. Гиннесы рекордты чиныджы Астæуккаг-фурдон рагъ нымад у Зæххæн йæ тæккæ егъаудæр хæххон системæйыл, Андтæ та — тæккæ дæргъвæтиндæр хæххон рагъыл. Кæс [1] Архивгонд æрцыдис 14 февралы 2009 азы., æмæ ма wwww.rgo.ru/geography/fiz_geography/uamerika/andqqq1 Архивгонд æрцыдис 15 октябры 2008 азы.
  2. Андтæ сты тæккæ бæрзондтæр хæххон системæ Азийы чи нæй, уыдонæй; нæ планетейы тæккæ уæллоздæр хæххон системæ — Гималайтæ. Кæс www.igras.ru/index.php?r=41&id=153
  3. Кæс wwww.rgo.ru/geography/fiz_geography/uamerika/andqqq1 Архивгонд æрцыдис 15 октябры 2008 азы.
  4. Juan Anello Oliva, HISTORIA DEL REINO Y PROVINCIAS DEL PERÚ. Архив 2012-æм азы 9 июлы.
  5. Бæлвырдæй ныхас «Кордильерæ» цæуы испайнаг cordillera — «хæххон рагъ»-æй
  6. Tropical Andes Тропикон Андты æрдз.(англ.)