Перейти к содержанию

Пукальпæ

8°23′ ю. ш. 74°33′ з. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Пукальпæ
исп. Pucallpa
Тырыса Герб
Тырыса Герб
8°23′ ю. ш. 74°33′ з. д.HGЯO
Паддзахад Перу Перу
Регион Укаяли
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1888-æм азы 13 октябры
Фæзуат
  • 29 км²
Сахатон таг UTC−5:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +51 61
Пукальпæ (Перу)
Пукальпæ (Укаяли (регион))
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Пукальпæ (кечуæ puka hallpa — «сырх зæхх») у сахар Перуйы скæсæны, цæугæдон Укаялийы былыл. У регион Укаялийы сæйраг сахар, провинци Коронель Портильо, æмæ Кальериæйы административон центр.

Пукальпæйæн бындурæвæрджытæ уыдысты Францисконтæ 1840-æм азты, уыдон ам æрцæрын кодтой цалдæр мыггаджы шипибо-конибойы знæмæй. Бирæ азты дæргъы Пукальпа уыди гыццыл цæрæнран иннæ бæстæйæ лыггонд уыд Амазонийы уарыны хъæдтæй æмæ Андты хæхтæй. 1880-æм азæй 1920-æм азмæты æрцыд конд проект сахары иугæныныл иннæ бæстæимæ æфсон фæндагæй æмæ йæ сыххæст кодта консорциум Ferrocarril Central Andino (исп. Ferrocarril Central del Perú). Куыстытæ цалдæр хатты урæдтой, стæй та-иу ногæй райдыдтой цалынмæ сæ бынтон нæ ныууагътой. Сахары дихдзинад иннæ бæстæйæ иуварсгонд æрцыд хæдтулгæты фæндаг арæзт куы æрцыд 1945-æм азы. Фæндаг фадат радта сæудæджерон бастдзинæдтæ саразын, уый та сахары экономикæ уæлæмæ исын райдыдта æмæ йæ бауагъта регионы сæйраг сахары бынат бацахсын. Фæлæ дæргъвæтин уарынтæ кæддæриддæр тæссаг уавæры æвæрынц æмæ фæндæгтæ ахæссын сæ бон у — ацы ран арæх вæййы донраивылдтытæ æмæ зæйтæ.

«Тагъд æххуыс» Пукальпæйы.

Сахар ма у баст иннæ дунеимæ уæлдæфон фæндæгтæй, ис дзы аэропорт. Ис ма дзы цæугæдоны порт «Pucallpillo», æрбынат кодта сахары астæуккаг хаймæ хæстæг. Доныл ардыгæй ис бацæуын Лимæмæ Хуануко æмæ Серро-де-Паскойы уылты. Пукальпа у хæдцæттæгæнæн бынат. Ис дзы гыццыл нефт куыстгондгæнæн завод.

Сахары бæстыхъæд у тынг хъарм, тропикон, афæдзы астæуккаг температурæ дзы у +26 °С, тæккæ уæлдæр +37 °С.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]