Укаяли (цæугæдон)
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Укаяли | |
|---|---|
| Ucayali | |
Укаяли (розæхуыз) |
|
| Бассейн | Амазонкæ |
| Цæугæдæнтты бассейн | Апуримак, æмæ Урубамба |
| Дæргъ | 1950 км |
| Бассейны фæзуат | 375000 км² |
| Доны хардз | 12600 м³/с |
Укаяли (Ucayali) — цæугæдон Перуйы, Амазонкæйы рахиз фæрсагдон, иуæй-иу хатт нымад фæцæуы Амазонкæйы гуырæныл.
Йæ дæргъ 1950 км, бассейны фæзуат у 375 мин км². Рауайы дыууæ фæрсагдонæй: Тамбо (гуырæны цурты Апуримак) æмæ Урубамбайæ, сæ дыууæ дæр гуырынц астæуккаг Андты. Куы баиу вæййынц уæд ног дон кæлын райдайы Амазонкæйы дæлвæзыл.
Доны хардз нымадæй у 12600 м³/с. Наутыл цæуыны фадат дзы ис сахар Кумарийы æввæхсты. Сæйраг порт у Пукальпæ.