Джыккайты Шамил

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Джыккайты Шамил
Райгуырды датæ 1940-æм азы 25 февралы(1940-02-25)
Райгуырæны бынат Дзомагъ, Хуссар Ирыстон
Мæлæты бон 2011-æм азы 26 майы(2011-05-26) (71 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон
Хорзæхтæ

Джыккайты Федыры фырт Шамил (19402011) уыд ирон фыссæг, поэт, ирон литературæ иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг. Куыста ЦИПУ-йы.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Джыккайты Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы 1940-æм азы. 1952-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил каст фæци астæуккаг скъола, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет æмæ ЦИНИИ-ы аспирантурæ. Куыста телевизион студийы. Фæстæдæр та уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан.

Поэты æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æфсарм» рацыди 1964-æм азы. Уый фæстæ ма рауагъта фондз поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Æхсæвы æртытæ» (Ордж., 1990) æмæ «Саст дзæнгæрæг» (Дз., 2000). Шекспирау ныффыста йæхи 100 сонеты дæр[1].

Шамил канд поэт нæу, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйы. Джыккайы-фырт бирæ бакуыста ирон фысджытæй иукъорды сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл æмæ джиппы рауадзыныл, ныффыста Коцойты Арсены, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Цомахъы, Барахъты Гинойы, Байаты Гаппойы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. 2002-æм азы та рауагъта «Ирон литературæйы истори (19171956)». Ацы куыст автор ныффыста иронау æмæ стыр ахъаз у канд студенттæн нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнджытæн дæр.

Шамил ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Къарол Лир», Софоклы «Эдип-паддзах», Э. Ростаны «Сирано де Бержерак», У. Сарояны, Р. Лоуренсы, Ж. Шехадейы драмæтæ, Байроны, Бёрнсы, Лермонтовы æмæ бирæ æндæр авторты уацмыстæ.

2011-æм азы 26 майы Джыккайты Шамилы мард ссардтой Дзæуджыхъæуы хуссары, куыд фехъусын кодтой барадхъахъхъæнджытæ, уый амардис уæззау цæфтæй[2]. 31 майы Мурасты Давид, Шамилы марæг, фæмард спецоперацийы рæстæджы. Куыд рабæрæг, уый уыдис радикалон исламист, æмæ амардта Шамилы йе ’мдзæвгæ «Фæцæуынц бирæгъы цот хадзы»-йы тыххæй[3]. Ацы æмдзæвгæ поэт ныффыста 2009-æм азы, уый уыдис йæ дзуапп 2007 азы цауæн, сыхæг республикæйæ хадзмæ цæуæг пысылмæтты къорд Беслæны сывæлæтты цыртдзæвæнæй куы фæхынджылæг кодтой, уымæн[4].

2012-æм азы 29 майы ЦИПУ-йы байгом кодтой Джыккайты Шамилы номыл аудитори. Уым фыссæн фæйнæджы сæрмæ Къоста æмæ Абайты Васойы хуызистыты ’хсæн кадджын бынат бацахста Шамилы портрет дæр. Хатæнæн йæ иннæ кæрон къулыл ирон æмæ уырыссаг кълассикты хуызистыты бынмæ скъапыты æмæ стъолтыл Шамилы сфæлдыстад æнæхъæнæй: чингуытæ, уацтæ, зонадон куыстытæ. Къултыл — йе ’мдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ[5].

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]