Перейти к содержанию

Пъанкъисы ком

42°08′15″ с. ш. 45°16′36″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Пъанкъисы ком
гуырдз. პანკისის ხეობა
Пъанкъисы ком Къахеты картæйыл
Пъанкъисы ком Къахеты картæйыл
Характеристикæ
Дæргъ34 км
Ран
42°08′15″ с. ш. 45°16′36″ в. д.HGЯO
Бæстæ
Къахет
Пъанкъисы ком
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Пъанкъисы ком (гуырдз. პანკისის ხეობა) у ком Гуырдзыстоны Ахметъайы районы, Къахеты цæгатварс, æмарæн у Цæцæн æмæ Дагъистанимæ. Æрбынат кодта Алазаны доны гуырæнмæ хæстæг. Ацы комы дæргъ у 18 км, уæрх та — 2—3 км.

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Ацы комы цæрджыты нымæц æввахсон бахыгъдмæ гæсгæ у 10000—15000 адæймаджы. Уыдонæй сæ фылдæр сты кистæгтæ (цæцæйнæгтимæ) æмæ гуырдзиæгтæ: гуыдан, ачъайрæгтæ æмæ æнд. Уыдонæй уæлдай ма дзы цæрынц ирæттæ (500-1000 цæрæджы), фæлæ сæ нымæц кæны бонæй-бонмæ къаддæр.

Пъанкъисы хъæутæ

[ивын | Бындур ивын]

Пъанкъисы ис бирæ хъæутæ, уыдонæй стырдæртæ сты Джохъоло, Думастур, Дуис, Цъинубан, Пыхсджын (Пичховани), Корет, Омало, Сакъобиано, Дзибахеви, Астæуккаг æмæ Дæллаг Халацъан. Сæйраг хъæу у Ахметъа (у районы центр дæр).

Пъанкъисы комы æрцарды историйы тыххæй

[ивын | Бындур ивын]
  • Кистæгты æрцард

XIX-æм æнусы фыццаг æмбисы Цæцæны Кистæгты хъæубæстæйæ Пъанкъисмæ рагоц кодта (диг. диал.) цæцæйнæгты иу хай. Ныртæккæ сæ хонынц кистæгтæ. Сæ нымæц Пъанкъисы у 7000 адæймаджы. Уыдон цæрынц цалдæр хъæуы: Джохъоло, Дуис, Омало, Биркиани, Сакъобиано, Дзибахеви æмæ, раджы гуырдзиæгтæ фылдæр кæм уыдысты, уыцы хъæутæ (Астæуккаг æмæ Уæллаг Халацъан).

  • Ирæтты æрцард

XVIII-æм æнусы кæроны Къахетмæ Хуссар Ирыстонæй æрлыгъдысты ирæттæ, Картли-Къахеты паддзахады лекъаг æмæ солиаг абырджыты æрбабырстытæй хъахъхъæнынмæ. Фæстæдæр (XIX-æм æнусы астæу) уыдоны иу хай алыгъдысты Пъанкъисмæ дæр. Уыдонæн Пъанкъисы уыди, гуырдзиæгты ’хсæн кæм цардысты, ахæм цалдæр хъæуы (Думастур, Корет).

XX-æм æнусы райдайæны (19011910-æм азты) Къуыдаргом, Чысангом æмæ Леуахийы комæй ирæтты иу хай алыгъдысты Пъанкъисмæ æмæ дзы бындур æрæвæрдтой 7 хъæуæн: Думастур, Корет, Пыхсджын, Къуцъахта, Аргох, Дæллаг Халацъан æмæ Цъинубанæн. XX-æм æнусы 80-æм азты райдайæны комы царди 2000 ирон бинонтæй фылдæр. 1990-æм азы, З. Гамсахурдиа Гуырдзыстоны Президентæй æвзæрст куы æрцыдис, уæд ирæттæ райдыдтой лидзын уырдыгæй Цæгат Ирыстонмæ æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæм. Цæцæны фыццаг хæсты фæстæ цæцæйнæгтæ Пъанкъисы куы æрцардысты, уæд ирæттæ бынтон ацыдысты сæ хъæутæй. Æрмæст хъæутæ Пыхсджын æмæ Коретийы ма баззади иуæй-иу ирон бинонтæ).

  • Цæцæйнæгты æрцард

Цæцæны дыууæ хæсты фæстæ Пъанкъисы æрцардысты цæцæйнæгтæ. Уыдон цæрынц кистаг æмæ раздæры ирон хъæуты. Сæ нымæц у 2000—5000 адæймаджы.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]