Пъанкъисы ком
Пъанкъисы ком (гуырдз. პანკისის ხეობა) у ком Гуырдзыстоны Ахметæйы районы, Къахеты цæгатварс, æмарæн у Цæцæн æмæ Дагъистанимæ. Æрбынат кодта Алазаны доны гуырæнмæ хæстæг. Ацы комы дæргъ у 18 км, уæрх та — 2—3 км.
Сæргæндтæ |
[ивын] Цæрджытæ
Ацы комы цæрджыты нымæц æввахсон бахыгъдмæ гæсгæ у 10000—15000 адæймаджы. Уыдонæй сæ фылдæр сты кистæгтæ (цæцæйнæгтимæ) æмæ гуырдзиæгтæ: гуыдан, ачъайрæгтæ æмæ æнд. Уыдонæй уæлдай ма дзы цæрынц ирæттæ (500-1000 цæрæджы), фæлæ сæ нымæц кæны бонæй-бонмæ къаддæр.
[ивын] Пъанкисы хъæутæ
Пъанкъисы ис бирæ хъæутæ, уыдонæй стырдæртæ сты Джоколо, Думастури, Дуиси, Цинубани, Пичховани, Корет, Омало, Сакобиано, Уæллаг Дзибахеви, Астæуккаг æмæ Дæллаг Халацан. Сæйраг хъæу у Ахметæ (у районы центр дæр).
[ивын] Пъанкъисы комы æрцарды историйы тыххæй
- Кистæгты æрцард
XIX-æм æнусы фыццаг æмбисы Цæцæны Кистæгты хъæубæстæйæ Пъанкъисмæ рагоц кодта (диг. диал.) цæцæйнæгты иу хай. Ныртæккæ сæ хонынц кистæгтæ. Сæ нымæц Пъанкисы у 7000 адæймаджы. Уыдон цæрынц цалдæр хъæуы: Джоколо, Дуиси, Омало, Биркиани, Сакобиано, Дзибахеви æмæ, раджы гуырдзиæгтæ фылдæр кæм уыдысты, уыцы хъæутæ (Астæуккаг æмæ Уæллаг Халацани).
- Ирæтты æрцард
XVIII-æм æнусы кæроны Къахетмæ Хуссар Ирыстонæй æрлыгъдысты ирæттæ, Картли-Къахеты паддзахады лекъаг æмæ солиаг абырджыты æрбабырстытæй хъахъхъæнынмæ. Фæстæдæр (XIX-æм æнусы астæу) уыдоны иу хай алыгъдысты Пъанкисмæ дæр. Уыдонæн Пъанкисы уыди, гуырдзиæгты ’хсæн кæм цардысты, ахæм цалдæр хъæуы (Думастури, Корет).
XX-æм æнусы райдайæны (1901—1910-æм азты) Къуыдаргом, Чысангом æмæ Леуахийы комæй ирæтты иу хай алыгъдысты Пъанкисмæ æмæ дзы бындур æрæвæрдтой 7 хъæуæн: Думастури, Корети, Пичховани, Куцахта, Аргохи, Дæллаг Халацан æмæ Цинубанæн. XX-æм æнусы 80-æм азты райдайæны комы царди 2000 ирон бинонтæй фылдæр. 1990-æм азы, З. Гамсахурдиа Гуырдзыстоны Президентæй æвзæрст куы æрцыдис, уæд ирæттæ райдыдтой лидзын уырдыгæй Цæгат Ирыстонмæ æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæм. Цæцæны фыццаг хæсты фæстæ цæцæйнæгтæ Пъанкисы куы æрцардысты, уæд ирæттæ бынтон ацыдысты сæ хъæутæй. Æрмæст хъæутæ Пичховани æмæ Коретийы ма баззади иуæй-иу ирон бинонтæ).
- Цæцæйнæгты æрцард
Цæцæны дыууæ хæсты фæстæ Пъанкъисы æрцардысты цæцæйнæгтæ. Уыдон цæрынц кистаг æмæ раздæры ирон хъæуты. Сæ нымæц у 2000—5000 адæймаджы.