Ингороква, Павел Иессейы фырт
Павел Иессейы фырт Ингороква | |
---|---|
гуырдз. პავლე იესეს ძე ინგოროყვა | |
Райгуырды датæ | 1893-æм азы 1 ноябры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1983-æм азы 20 ноябры (90 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | истори |
Альма-матер | |
Викикъæбицы медиа |
Павел (Павле) Иессейы фырт Ингороква (гуырдз. პავლე იესეს ძე ინგოროყვა; райгуырдис 1893-æм азы 1 январы Потийы, амардис 1983-æм азы 20 ноябры Тбилисы) уыд зынгæ гуырдзиаг историк, филолог æмæ меценат. Историон зонæдты доктор, стыр бавæрд бахаста гуырдзиаг литературæйы бынтæ иртасынмæ.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Павел Ингороква йæ райдайæн ахуырад райста сæхимæ, ахуыр кодта суинаг академик Г. Читаяимæ, уроктæ дыууæ лæппутæн лæвæрдта Новороссийсчы университеты студент Е. Г. Бокерия. Ахуыр кодтой истори, литературæ, алгебрæ æмæ иннæ предметтæ дæр. Фæстæдæр йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы нæлгоймæгты гимназы. 1912-æм азы Ингороква бацыдис Бетъырбухы университеты историкон-филологон факультетмæ, фæлæ тарнизы аххосæй университет ныууагъта, Гуырдзыстонмæ раздæхтис.
1917-æм æрыгон Ингороква хайад райста, Гуырдзыстоны рæстуырнæг еклезийы автокефали чи расидти, уыцы стыр æмбырды. Уыцы цæуы фæстиуæгæн сси патриархы цур советмæ. Уыцы-иу аз Ингороква уыд Гуырдзыстоны фысджыты цæдисы инициаторты ’хсæн. Йæ къухæвæрд ис Гуырдзыстоны хæдбардзинады тыххæй декларацийы бын[1].
Ингороква Гуырдзыстон æмæ Советон Уæрæсе баиу кæныны ныхмæ уыдис. 1921-æм азы февралы иннæ æртæ аивады кусджытимæ (фыссæг К. Гамсахурдия, аивадзонæг В. Котетишвили æмæ поэт А. Абашели) райдыдта сау цухъхъа дарын, уыцы хуызы равдыстой сæ протест.
1929-æм азæй 1939-æм азы онг куыста Гуырдзыстоны паддзахадон музейы къухфыстыты хайады сæргълæууæгæй. Советон хицæууады ныхмæ кæй уыд, уый тыххæй йæ рацух кодтой республикæйы фысджыты цæдисæй, фæлæ уый йеддæмæ ницы хуызы репрессигонд æрцыдис. Ингороква иртаста рагон гуырдзиаг гимнтæ æмæ сæ ритмикон бындур бамбæрста, уый тыххæй фыссы, мин фарсæй фылдæр кæм уыдис, йæ уыцы чиныджы[2]. Уыцы-иу рæстæг йæ цæстæнгæс Гуырдзыстоны феодалон историмæ уыдис дзырддаг, уæлдайдæр иугонд гуырдзиаг паддзахады идейæ æмæ абхазæгты гуырдзиаг равзæрды гипотезæ[3].
Дидубейы пантеоны ныгæд и, иннæ зынгæ фысджытæ æмæ æхсæнадон архайджыты ’хсæн.
Павел Ингороквайы ном хæссы Тбилисы уынгтæй иу[4]. Уыцы уынджы 14-æм хæдзарыл ис йæ мысæн фæйнæг дæр[5].
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Православная энциклопедия
- Ираклий Андроников. Монумент грузинской учености // Я хочу рассказать вам.... — М.: Советский писатель, 1971. — 100 000 экз.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Remix of «საქართველოს დამოუკიდებლობის დეკლარაცია» by Liza Buskhrikidze
- ↑ Ингороква П. И. Георгий Мерчуле. Грузинский писатель X века. Очерки по истории литературы культуры и государственной жизни древней Грузии. Тбилиси, 1954.
- ↑ Проф. Г. Соселия «Вопреки исторической правде»
- ↑ Тбилиси, район Мтацминда, улица Павла Ингороква.
- ↑ Тбилиси, район Мтацминда, мемориальная доска памяти Павла Ингороква