Читая, Георгий Спиридоны фырт
Георгий Спиридоны фырт Читая | |
---|---|
гуырдз. გიორგი ჩიტაია | |
Райгуырды датæ | 23 ноябры (5 декабры) 1890 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1986-æм азы 24 августы[1] (95 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | этнографи æмæ истори |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | историон зонæдты доктор[d] |
Ахуырадон ном | академик[d] |
Зонадон разамонæг | Иванэ Джавахишвили |
Ахуыргæнинæгтæ | Зураб Константинович Церетели[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Георгий Спиридоны фырт Читая (гуырдз. გიორგი სპირიდონის ძე ჩიტაია; райгуырдис Потийы 1890-æм азы 5 декабры, амардис Тбилисы 1986-æм азы 24 августы) уыд зынгæ гуырдзиаг ахуыргонд, этнограф æмæ историк, Тбилисы тыгъд быдыры этнографион музейы бындурæвæрæг. Георгий Читая иртаста гуырдзиаг адæмы этногенез, материалон æмæ монон культурæ. Уæлдай цымыдисаг æм кастысты Фæскавказы зæххкуысты мигæнæнтæ æмæ зæхкусджыты архитектурæ. Этнографийы иумæйаг фарстатæ дæр иртаста. Историон зонæдты доктор (1958)[2].
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]1907-æм азы каст фæци сахары училище æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Тбилисы нæлгоймæгты гимназы. 1911-æм азы бацыдис Бетъырбухы университеты скæсæйнаг факультеты сомихаг-гуырдзиаг хайадмæ.
1913-æм азы ахуыр кæнын райдыдта Кёнигсберджы университеты. Хъуыста зындгонд немыцаг скæсæниртасæг Карл Броккельманы лекцитæм. Университет каст куы фæцис 1916-æм азы, йæ райгуырæн Потимæ раздæхтис æмæ сси гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, бацыдис Гуырдзыстоны социалон-демократон партийы рæнхъытæм.
1918—1921 азты уыд Потийы сахары советы сæрдар. Уыцы бынаты къуылымпы кодта большевикты ныхмæ репресситы цыд, æмæ уый тыххæй фæстæдæр йæхæдæг репрессигонд не ’рцыдис. Гуырдзыстон Советон Цæдисмæ куы бацыдис, уæдæй фæстæмæ политикон архайд нал кодта, зонадон куыстыл ныллæуыд.
1920-æм азты Георгий Читая райдыдта этнографион экспедициты къорд, кæцыты нысан уыд Гуырдзыстоны регионты архитектурон объекттæ сбæлвырд кæнын æмæ сæ афыссын. 1966-æм йæ къухы бафтыд Тбилисы горæтгæрон байгом кæнын тыгъд быдыры этнографион музей. Уыцы музейы мидæг ныртæккæ ис XVII-XX æнусты 70 бæстыхайæй фылдæр, æд мебель, хæдзары дзауматæ, инструменттæ.
Ныгæд æрцыдис Дидубейы пантеоны, Гуырдзыстоны зындгонддæр фысджытæ æмæ æхсæнадон архайджыты ’хсæн.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Читая Георгий Спиридонович // Большая советская энциклопедия : [в 30 т.] / гл. ред. А. М. Прохоров. — 3-е изд. — М. : Советская энциклопедия, 1969—1978.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Путешествие во времени: этнографический музей в Тбилиси (недоступная ссылка) (недоступная ссылка с 13-03-2016 [2059 дней])
- Ольга Галкина «Этнографический музей в Тбилиси» (недоступная ссылка с 13-03-2016 [2059 дней])
- გიორგი ჩიტაია
- საქართველოს პარლამენტის ეროვნული ბიბლიოთეკა
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Library of Congress Authorities (англ.) — Library of Congress.
- ↑ Георгий Спиридонович Читая