Перейти к содержанию

Добричы облæст

43°35′00″ с. ш. 28°00′00″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Облæст
Добричы облæст
болг. Област Добрич
Герб
Герб
43°35′00″ с. ш. 28°00′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Админ. центр Добрич
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1999-æм азы 8 январы
Фæзуат
  • 4719,7 км²
Сахатон таг EET (UTC+2, сæрды UTC+3)
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 BG-08
Автомобилон код ТХ

Официалон сайт
Добричы облæст картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Добричы облæст (болг. Област Добрич) у Болгарийы Цæгат-Скæсæйнаг регионы облæст, йæ сæйраг сахар у Добрич (раздæры Толбухин).

Облæсты скæсæйнаг арæн у Сау денджызы былгæрон, цæгаты æмарæн у Румыниимæ, хуссары — Варнæйы æмæ Шумены облæстытимæ, ныгуылæны та — Силистрæйы облæстимæ.

Облæсты фæзуат у 4 719,7 км² (уымæй 12,3% хæхтæ), цæрынц дзы 215 217 адæймаджы. Облæсты ис 215 цæрæнраны, уыдонæй 6 — сахартæ.

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]

Уæлæмхасæн аргъ экономикæйы къабæзтæм гæсгæ 2004 азы уыд ахæм (млн левы):

Хъæууон хæдзарад Индустри Лæггæдтæ
Добричы облæст 180 (26,6%) 101 (14,9%) 395 (58,5%)
Æппæт Болгари 3 559 (11,0%) 9 487 (29,2%) 19 390 (59,8%)

Добричы облæсты ис бирæ бæзнаг зæххытæ, уый тыххæй дзы, Болгарийы æндæр облæстытимæ абаргæйæ, зæххы куыст размæцыд у. Уæлдайдæр бирæ дзы мæнæу æмæ æндæр хоры культурæтæ садзынц (базылд зæххы 54,7%), стæй зетиджын культурæтæ дæр (29%).

Облæсты индустрийы сæйраг нысан у хъæууон хæдзарады продукттæ бакусын: бынæттон куыройтæн æрвылбон уадзæн ис 200 тонны ссад, æппæт бæстæйы макъаронтæй 35% уадзынц Добричы облæсты. Ис дзы æхсыры куыстуæттæ дæр, кæнынц цыхт, туаг æхсыр, нæлхæ æмæ æндæр æхсыры продукттæ. Облæсты ис Болгарийы стырдæр маргъдарæн фабрикæ.

Уыимæ ма Добричы облæсты уадзынц дарæс, къахыдарæс, текстиль, трикотаж, хъæдæрмæг, аразæн æрмæг æмæ а. д.

Облæсты траспорты бастдзинадæн стыр ахъаз у порт Балчик, стæй та сыхаг облæстыты: Варнæйы стыр денджызон порт, Силистрæйы Дунайы порт. Варнæйы æхсæнадæмон аэропорт у Добричæй 47 километры. Облæсты зæххыл мидæг Болгарийæ Румынимæ цæуы æфсæнвæндаг. Автомобилон фæндаг E-87 бæтты арæнгæсты пост Дуранкулак румынаг-болгайраг арæныл арæнгæсты пост Малко-Тырновоимæ (болгайраг-туркаг арæн Бургасы облæсты хуссары).

Добричы облæсты хъæубæстæйтæ

[ивын | Бындур ивын]
облæсты хъæубæстæйтæ
  1. Балчик (хъæубæстæ)
  2. Шаблæ (хъæубæстæ)
  3. Добрич (хъæубæстæ)
  4. Добричкæ (хъæубæстæ)
  5. Генерал-Тошево (хъæубæстæ)
  6. Каварнæ (хъæубæстæ)
  7. Крушари (хъæубæстæ)
  8. Тервел (хъæубæстæ)

Балчик æмæ Каварнæ сты денджызон курорттæ. Сæ пляжтæ хуссарырдæм здæхт сты — Болгарийы ахæмтæ бирæ нæй.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]


  1. https://www.nsi.bg/bg/content/2975/%D0%BD%D0%B0%D1%81%D0%B5%D0%BB%D0%B5%D0%BD%D0%B8%D0%B5-%D0%BF%D0%BE-%D0%BE%D0%B1%D0%BB%D0%B0%D1%81%D1%82%D0%B8-%D0%BE%D0%B1%D1%89%D0%B8%D0%BD%D0%B8-%D0%BC%D0%B5%D1%81%D1%82%D0%BE%D0%B6%D0%B8%D0%B2%D0%B5%D0%B5%D0%BD%D0%B5-%D0%B8-%D0%BF%D0%BE%D0%BB