Перейти к содержанию

Выборг

60°42′33″ с. ш. 28°44′39″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Выборг
уырыс. Выборг
Тырыса Герб
Тырыса Герб
60°42′33″ с. ш. 28°44′39″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Ленинграды облæст
Муниципалон район Выборджы район
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1293
Сахар кæдæй 1403
Фæзуат 112,27 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 71 772[1] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 81378
Посты индекстæ 188800—188811
city.vbg.ru(уырыс.)
Выборг (Уæрæсе)
Выборг (Ленинграды облæст)
Выборг (Выборджы район)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Вы́борг (уырыс. Выборг, фин. Viipuri, швед. Viborg, нем. Wiborg) у Ленинграды облæсты сахар, Выборджы районы административон центр. Цæрджыты нымæц 2009-æм азы 1 январмæ у 77766 адæймаджы, 2008-æм азы дæргъы уыцы нымæц 171 адæймагæй фæфылдæр и[2]. Гатчинæйы фæстæ Выборг у Ленинграды облæсты дыккаг стырдæр сахар.

Выборг кæд стыр сахар нæу, уæддæр дзы ис бирæ фенддæгтæ, уыдоны ’хсæн Выборджы гæнах, Алвар Аалтойы библиотекæ, парк Монрепо, Сахаты мæсыг æмæ сæдæгай æндæртæ[3]. Сахармæ æрбацæуынц бирæ туристтæ, сæ фылдæр — Уæрæсейы æндæр регионтæй æмæ Финляндийæ.

1293 азæй 1710 азмæ Выборг уыд Швецийы фидар. 1403 азы Швецийы къарол Эрик Выборгæн радта сахары статус.

1710 азы, Ништадты фидыды бадзырдмæ гæсгæ, Выборг бацыдис Уæрæсейы империйы скондмæ (фæстæдæр сси автономон Финляндийы Стыр кънйазады хай).

Октябры революцийы фæстæ Финлянди расидтиc йæ хæдбардзинад, ууыл советон хицауад сразы ис. Афтæмæй Выборг сси ног паддзахады ахсджиагдæр сахартæй иу. Зымæгон хæсты фæстиуæгæн 1940 азы Выборг бацыдис Советон Цæдисы скондмæ, йæ финнаг цæрджытæ æппæтæй ралыгъдысты Финляндийы мидрегионтæм.

1941-æм азы Герман Советон Цæдисмæ куы балæбурдта, уæд Финляндийы æфсад дæр йемæ — финнаг историктæ уыцы хæст хонынц Дарддæргæнæн хæст. Уыцы хæсты рæстæг финнæгты къухы бафтыдис Выборг фæстæмæ бацахсын. Советон æфсад уырдæм раздæхтис æрмæст 1944-æм азы 20 июны[4] — уыцы бонæй фæстæмæ сахар æдзухдæр уыдис Уæрæсейы Федерацийы сконды.

Æфсымæрон сахартæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  2. 2,0 2,1 Отчет о социально-экономическом развитии муниципального образования «Город Выборг» за 2008 год.. Официальный сайт Выборга.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  3. Волкова Л. Г, Геращенко Л. В, Коробова Т. А, Усольцева Т. В, Федосеева В. Н. Вехи выборгской истории. — 2005. — С. 211.
  4. Государственный музей «Выборгский замок».