Перейти к содержанию

Шота Руставели

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Руставели-æй æрвыст)
Шота Руставели
гуырдз. შოთა რუსთაველი
Шота Руставелийы ныв рагон фрескæйы Иерусалимæй
Шота Руставелийы ныв рагон фрескæйы Иерусалимæй
Райгуырды датæ 1172[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1216[1][2][…]
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз поэт, фыссæг, мечурчлетухуцеси
Сфæлдыстады азтæ XII æнус[3]XIII æнус[3]
Жанр таурæгъон поэзи[d]
Уацмысты æвзаг гуырдзиаг[4]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Шота́ Руставе́ли (гуырдз. შოთა რუსთაველი, райгуырдис 1172-æм азы — амардис 1216-æм азы) — у XII æнусы гуырдзиаг паддзахадон архайæг, поэт, эпикон поэмæ «Стайыцармдарæджы» автор.

Йæ цардвæндаджы тыххæй

[ивын | Бындур ивын]

Йæ цардвæндаджы хабæрттæ фаг бæрæг не сты. «Руставели» йæ хонын райдыдтой, æвæццæгæн, уый тыххæй æмæ Шота райгуырди Рустауы хъæуы. Иуæй-иу æвдисæйнæгтæм гæсгæ, уый уыди иу номджын мыггагæй æмæ уыди Рустауы моурауæй дæр. «Стайыцармдарæджы» уый афтæ йæхи тыххæй бæлвырд кæны, цыма уый у месхаг. Ахуыр кодта Гречъы, уый фæстæ сси Тамары хæзнагæс (ууыл амоны 1190-æм азы актыл йæ ард къухæрфыст).

Гомеры поэмæтæ, Платоны философи, персайнаг æмæ араббаг литературæимæ зонгæ уæвгæйæ, Руставели йæ царды бонтæ æххæстæй снывонд кодта литературон архайдæн æмæ ныффыста гуырдзиаг астæузаманон литературæйы сæйраг æвдисæйнаг — поэмæ «Стайыцармдарæг».

Шота амарди гуырдзиаг моладзандоны Иерусалимы. Гуырдзиаг митрополит Тимофей (XVIII æнус), гуырдзиаг паддзæхтæ Иерусалимы кæй сарæзтой, уыцы сыгъдæг Дзуары аргъуаны-иу федта Руставелийы ныв æмæ йæ ингæны цырт. Фæлæ ацы версийы йеддæмæ иртæсджытæн ис бирæ æндæртæ, зæгъæм ахæм: Руставели, кæд æмæ Тамары уарзта, уæддæр хæстæг бакодта кæцыдæр Нинойы æмæ йæ чындзæхсæвы хæд фæстæ райста хæслæвæрд Тамарæй — фæтыхгонд шахæй лæвæрд цыдæр персайнаг поэмæ гуырдзиаг æвзагмæ ратæлмац кæнын. Æмæ Шота ацы хæслæвæрд куы сæххæст кодта, уæд ын цы хорзæх раттын хъавыдысты, ууыл бавдисæн кодта. Æмæ дыууæ къуырийы фæстæ йæ ссардæуыд æгуысæр мардæй. Æнæуый ис бирæ айхуызæн таурæгътæ.

Поэмæ «Стайыцармдарæджы» тыххæй

[ивын | Бындур ивын]

Руставелийы поэмæ иртæстой бирæ ахуыргæндтæ, фæмæ ныры онг ма дзы ис бирæ раиртасинаг сусæгдзинæдтæ. Зæгъæм, поэмæйы ссардæуыд цалдæр астæузаманон персайнаг поэмæйы сюжеттæ. Иуæй-иу ахуыргæндтæ æнхъæлынц цыма поэмæйы сæйраг геройы Автандилы сурæты æмбæхсы Дауыт-Сослан, ус-паддзах Тамары мой. Поэмæйы ис ахæм дзырдтæ:

« Арын гуырдзыйы хуыцауы – хур-Дауыты ном мæ фысты… »

Ацы дæнцæг æвдисы æмæ Дауыт-Сослан, æвæццæгæн, поэмæйы авторыл йæ тæфаг дардта.

Чиныг «Шота Руставели», Flerier, Париж, 1852-æм аз

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Chota ROUSTAVÉLI // NooSFere (фр.) — 1999.
  2. 2,0 2,1 Shota Rustaveli // NUKAT — 2002.
  3. 3,0 3,1 Чешская национальная авторитетная база данных
  4. CONOR.Sl