Цæлыккаты Ахмæт
Цæлыккаты Ахмæт | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1882 |
Райгуырæны бынат | Пысылмонхъæу |
Мæлæты бон | 1928-æм азы 2 сентябры |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | политик, æхсæнадон архайæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Викикъæбицы медиа |
Цæлыккаты Темболаты фырт Ахмæт (райгуырдис 1882-æм азы Пысылмонхъæуы — амардис 1928-æм азы 2 сентябры Варшавæйы) уыдис ирон фыссæг æмæ публицист, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Ахмæт бакасти Стъараполы гимназы æмæ Мæскуыйы университеты юридикон факультеты. Студент уæвгæйæ дæр йæ хъус дардта æхсæны хъуыддæгтæм, архайдта политикон æмæ идеологион карз тохты, сси Уæрæсейы социал-демократон кусджыты партийы уæнг æмæ йæ цалдæр хатты æрцахстой. 1905–1907 азты революци састы бынаты куы баззад, уæд радзырдта кусджыты æнæпартион съезд саразыны фарс, æмæ йæ В. И. Ленин скритикæ кодта. Цæлыккаты Ахмæт «кæрæдзиуыл баста УСДКП-йы Терчы-Дагъистаны æмæ Цæгат Кавказы цæдистæ, стæй Дзæуджыхъæуы, Хъубаны æмæ Армавиры комитетты куыст. Парахат кодта пысылмæтты национ рæзты хъуыдытæ».
Империйы бирææнусон историйы Пысылмæтты æппæтуæрæсеон Совет фыццаг хатт фæзынди 1917 азы 11 майы — бæстæйы пысылмон адæмты съезды уынаффæйы фæстæ. Советы (Милли Шуройы) сæрдарæй æвзæрст æрцыди Цæлыккаты Ахмæт.
Октябры революцийы агъоммæ Ахмæт ссис цыппæрæм Думæйы депутат (уыди пысылмон фракцийы бюройы сæргълæууæг). 1917 азы 25 мартъийы (Ленин эмиграцийæ куы ’рбаздæхт, уымæй раздæр) æргомæй тох кæнын райдыдта хæсты ныхмæ (Рæстæгмæйы хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты министр П. Н. Милюков та хæст кæронмæ ахæццæ кæныны фарс уыд). Июнæй декабрьмæ Цæлыччы-фырт куыста «Известия Всероссийского Мусульманского Совета»-йы редакторæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы рæстæг столицæмæ фæцæйцыди, Хъæддаг дивизи кæй хуыдтой, уый — революцийы фарсхæцджыты ныхмæ хæцынмæ. 31 августы, Дно, зæгъгæ, уыцы станцæйы Цæлыккаты Ахмæт сæмбæлди дивизийы командæгæнджытимæ æмæ сæ сразы кодта сæ фæнд аивыныл: горæты цæрджытæй мингæйттæ фервæзтысты мæлæтæй.
Цæлыччы-фырт арæх дзырдта пысылмæтты Æппæтуæрæсеон æмбырдты. Ш. Манатовы ныхæстæм гæсгæ, В. И. Ленин 1918 азы январы фембæлди Сæрæвæрæн æмбырды уæнгтæ Ш. Манатов æмæ М. Вахитовимæ æмæ загъта, хорз, дам, уаид, Цæлыккаты Ахмæты советон хицаудзинады ’рдæм раздахын. Манатов æмæ Вахитов аныхас кодтой Ахмæтимæ, фæлæ уый йæ зондахаст нæ аивта.
Ноджы раздæр та (1917 азы 1 декабры) Цæлыччы-фыртимæ фембæлд И. В. Сталин. Ахмæт ын загъта: пысылмæттæ советон хицауады фарс нæ рахæцдзысты.
1918 азы 22 майы УСФСР-йы Нацадком Милли Шуройы куыст баурæдта, æмæ Ахмæт сыздæхт Ирыстонмæ. Терчы бæстæйы адæмты 4-æм æмбырды йæ равзæрстой Терчы Адæмон Советы ирон фракцийы уæнгæй. Фæстæдæр та æрлæууыди Кавказы адæмты меджлисы сæргъы (Калачы). Гуырдзыстоны советон цардæвæрд куы ’рфидар, уæд Ахмæт йæхи айста фæсарæнтæм. Фыццаг афтыди Константинопольмæ, стæй та Чехословакимæ æмæ Польшæмæ. Чехословакийы Ахмæт уадзын райдыдта журнал «Кавказский горец» (1924 азы). 1926 азы Прагæйы джиппы уагъд æрцыд йæ роман «Брат на брата».
Ахмæт амарди 1928 азы 2 сентябры Варшавæйы.