Хуссар Ирыстоны цæрджытæ
Хуссар Ирыстоны цæры 70 мин адæймаджы бæрц.[1] Уыдонæй æрдæгмæ ’ввахс цæрынц Цхинвалы.
Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæ фылдæр сты ирæттæ. Уыдон апырх сты гас республикæйы зæххыл. Ирæтты фæстæ цæуынц гуырдзиæгтæ. Гуырдзиæгтæ ахсынц 20-30 процент, æмæ сæ фылдæр цæрынц Ленингоры районы, уæлдайдæр Чысангомы. Цæрынц ма Знауыры алыварс цалдæр хъæуы. Цалынмæ 2008-æм азы хæст не ’рцыдис, уæдмæ гуырдзиæгтæ цардысты ноджы цалдæр бынаты: Цхинвалæй цæгатæрдæм Итраписы онг, Чысыл Леуахийы комы цалдæр хъæуы æмæ Знауыры районы дыууæ хъæуы. Уыдон йеддæмæ Хуссар Ирыстоны цæрынц æндæр адæмтæ дæр, фæлæ сæ нымæц стыр нæу, æмæ фылдæр цæрынц Цхинвалы. Уыдонмæ хауынц уырыссæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, бердзенæгтæ æмæ æндæртæ. Æдæппæтæй ссæдз адæмыхатты минæвæрттæй фылдæр.
Хуссар Ирыстоны ис бирæ хъæутæ æмæ дыууæ сахары — Цхинвал (Чъреба) æмæ Къуайса[2].
Æвзæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Хуссар Ирыстоны фыццаг æвзаг у ирон, кæцы конституцимæ гæсгæ у паддзахадон æвзаг. Уый йеддæмæ ма уырыссаг æвзаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ сты официалон æвзæгтæ. Гуырдзиаг у официалон æрмæст гуырдзиæгтæ цы цæрæнрæтты æнгомæй цæрынц, уым.
Ирон æвзаг
[ивын | Бындур ивын]Ирон æвзаг у Хуссар Ирыстоны сæйраг æвзаг. Республикæйы территорийыл тынгдæр рапарахат къуыдайраг ныхасыздæхт, уый йеддæмæ цæрджытæ дзурынц урстуаллаг æмæ чысайнаг ныхасыздæхтыл. Къуыдайраг ныхасыздæхты æндæр нæмттæ иртасæн литературæйы сты туаллаг, дзауаг æмæ къуыдар-дзауаг[3].
Ирон æвзаг ахуыр кæнынц скъолаты æмæ университеты. Фæлæ ахуырады сæйраг æвзаг нæу. Уымæ гæсгæ иуæй-иу зынгæ адæм зæгъынц, ирон æвзаг æфхæрд кæй цæуы, уый[4]. Ныртæккæ цæуы «бирæвзагон (полилингвалон) ахуырадыл» эксперимент Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл[5], уыцы эксперимент æнтыстджын куы уа, уæд æндæр скъолаты дæр ног программæмæ гæсгæ ахуыр кæндзысты сывæллæттæ — уымæ гæсгæ фылдæр сахаты дæргъы скъоладзаутæ пайда кæндзысты ирон æвзагæй, стæй ног информаци дæр ахуыр кæндзысты бынæттон æмвæзæй райдайгæ глобалонмæ[6].
Ирон æвзагыл уагъд цæуы газет «Хурзæрин», кусынц паддзахадон телеуынынад, æмæ радио «ИР».
Ирон æвзаджы иртæстытæ цæуынц Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты.
Уырыссаг æвзаг
[ивын | Бындур ивын]Уырыссаг æвзаг Хуссар Ирыстоны у паддзахадон æвзаг. Падзаходон ссис 2011 азы сæрмагонд референдумы бындурыл. Уый размæ йын уыдис официалон статус. Уырыссаг æвзагыл цæуынц ахуыр æмæ иртæстытæ.
Гуырдзиаг æвзаг
[ивын | Бындур ивын]Гуырдзиаг æвзагæй пайда кæнынц, гуырдзиаг цæрджытæ кæм цырынц æнгомæй, уыцы цæрæнрæтты (уæлдайдæр Знауыры районы æмæ Ленингоры районы скæсæны); республикæйы конституцимæ гæсгæ гуырдзиаг æвзаг уыцы æууæлты у официалон æвзæгтæй иу[7].
1990-æм азты агъоммæ Хуссар Ирыстоны бирæ цæрджытæ, уыимæ ирон адæмыхаттæй дæр, зыдтой гуырдзиагау. Уымæн йæ аххосæгты ’хсæн уыдис гуырдзиаг æвзаджы сæрмагонд статус Гуырдзыстоны ССР-йы, стæй ирæтты сгуырдзиаг кæныны мадзæлттæ дæр (куыд гуырдзиаг алфавиты ныффидар кæныны реформæ иронау фыссынæн 1939-æм азы). Фæстæдæр гуырдзиаг æвзагыл дзурджыты нымæц кодта къаддæр, уый тыххæй æмæ æрыгон фæлтæр нал ахуыр кæнынц уыцы æвзаг.
Дин
[ивын | Бындур ивын]Хуссар Ирыстоны арæхдæр дин у православи æмæ бынæттон традицион уырнындзинæдтæ.
Кæс Алайнаг епархи дæр.
Ахуырад
[ивын | Бындур ивын]2006-2007 ахуыры азы Хуссар Ирыстоны уыд 1397 ахуыргæнæджы æмæ 5258 скъоладзауы.
Республикæйы ис 61 иумæйагахуырадон скъолайы, ног райдиан скъолатæ æрæджы байгом сты Знауыры районы Арчънет, Гъаристау æмæ Лопъаны хъæуты. Æхгæд æрцыдысты Дзауы районы Теделет æмæ Знауыры районы Зиулеты райдиан скъолатæ, фаг сабитæ дзы кæй нæ уыдис, уый тыххæй.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Up in flames : humanitarian law violations and civilian victims in the conflict over South Ossetia / Human Rights Watch.
- ↑ «17 сентября 2007 г. Квайсе как наиболее быстро развивающемуся населенному пункту Южной Осетии был присвоен статус города» // http://osetia.kvaisa.ru/2-kvajsa/istoriya/samyj-yunyj-gorod-kavkaza/
- ↑
В.И. Абаев также разводит понятия «туальский» и «джавский», дислоцируя туальский говор в Северной Осетии и именуя джавским говор Джавы, Ортеу, Земо-Картле, Цона, Кудара, а также наречие осетин, расселенных на берегах Большой и Малой Лиахвы, реки Паца и в Кударском ущелье. Очевидно, что указанные регионы в значительной степени соответствуют тому ареалу, в котором Г.С. Ахвледиани и Д.Г. Бекоев локализуют не джавский, а двальский говор. Следовательно, один и тот же вид осетинской речи, бытующий в отмеченных районах, в осетинской диалектологии получил два разных названия — двальский (туальский) у Г.С. Ахвледиани и Д.Г. Бекоева и джавский (кударо-джавский) у А.А. Тибилова и В.И. Абаева. <...> При этом, хотя у одних ученых речь идет о туальском говоре, у других — о кударском, у третьих — о джавском, мы полагаем, что здесь сказывается указанное выше смешение названий одного и того же наречия, и все исследователи все-таки подразумевают джавский тип речи. - ↑ ИА РЕС Юрий Дзиццойты: Я не делю нынешнее правительство по национальностям (уырыс.)
- ↑ РЕС: В Южной Осетии экспериментируют программу полилингвального образования
- ↑ Когда появятся осетинские школы. Отрывки из интервью Т. Т. Камболова. Май 2008 года
- ↑ Конституция Республики Южная Осетия Архивгонд æрцыдис 20 октябры 2013 азы. — статья 4 — ИА РЕС