Хуссар Ирыстоны гимн
Внешний вид
Хуссар Ирыстоны гимны музыкæ ныффыста композитор Алборты Феликс, текст та — Кокайты Тотрадз, Уæрæсейы Федерацийы фысджыты цæдисы уæнг.
- Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн
- Лæууæм цырагъау мах уырдыг,
- Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн,
- Ды — нæ цин æмæ хъыг!
- Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард,
- Дæ ном дын исæм бæрзонд,
- Удуæлдай дын кæнæм лæггад,
- Дæуæн у нæ цард нывонд!
- Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
- Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!
- Уæззау уыд дæ ивгъуыд, Иры бæстæ, —
- Зылди дæ фæдыл сау фыдох,
- Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны рæстæй
- Кодтой дæ зынтæ рох.
- Царды рухсмæ æдзух цыдтæ,
- Фыдбонты нæ саст дæ ныфс,
- Сæрбæрзонд алкæддæр уыдтæ,
- Æргомæй размæ цæуыс!
- Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
- Иры дзыллæйæн фæндагамонд ратт!
- Фыдæлты æрдхæрæн, Иры Уæзæг!
- Зæрдæйы тæгтæй дæ нывæст,
- Ацы дунейы нын масты уæзæй
- Ма у дих æмæ уæрст.
- Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном,
- Бæрзонддæр кæнæд дæ кад,
- Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом,
- Дæ фæрцы рухс у нæ цард!
- Уæ, Бæсты Фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
- Нæ уарзон Ирæн Ды-иу амонд ратт!
- Ном æмæ йын кад!