Хуссар Ирыстоны экономикæ
Хуссар Ирыстоны экономикæ.
Индустри
[ивын | Бындур ивын]Советон Цæдисы цы куыстуæттæ уыд, уыдонæй сæ фылдæр хай сты æхгæд æви сты æхгæды ’ввонг. Ахæм ситуаци фæзынд Гуырдзыстонимæ хæсты тыххæй, экономикон бастдзинæдты сæфтыты тыххæй æмæ Гуырдзыйы æрхъулайы тыххæй.
Завод «Вибромашина»
[ивын | Бындур ивын]Арæзт æрцыд 18 августы 1958 азы. Уыд иунæг завод æнæхъæн Советон Цæдисы, кæцы уагъта электрорызт машинæтæ. Куыста дзы 480 кусæджы. Ныр та ма тых куыст кæны. Тынг цъус уадзы продукци. Сæ фылдæр хай сты вибропитателтæ. Завод ма аразы ноджы æфсæйнагæй æндæр конструкцитæ. Хицауад хъавы радтын субсидитæ, цæмæй завод сног кæна фæлындæнтæ.
Инфраструктурæ
[ивын | Бындур ивын]Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны конфликты тыххæй Хуссар Ирыстоны транспортон уавæр хуыздæр хъуаг у. Фæндæгты фылдæр сты æвзæр уавæры.
Хуссар Ирыстон цы енергийæ пайда кæны, уый иууылдæр исы Уæрæсейæ. Пайда кæны фылдæр æрмæст æртæ енергийы хуызæй: газ, рухс æмæ æртæгæй. 1990-æм æзты онг суг æмæ æвзалыйæ дæр. Нæуæггæнгæ энергийы хуызты тыххæй бæрæг нæй. Кæд рухс 2008-æм азæй фæстæмæ хæххон хъæутæм байдыдтой уадзын, уæд газ æрмæст цалдæр цæрæнраны ис. Газ 2008-æм азы размæ цыд Гуырдзыстонæй, æмæ-иу арæх æрлæууыд, фæлæ 2009-æм азы скуыста газуадзæн «Дзуарыхъæу—Цхинвал». Ног газуадзæн скусынæй республикæйы газ тынг фæаслам ис, æмæ йæ куыст та фæхуыздæр.