Транскам
Транскавказы фæндаг, вариант — Ручъы фæндаг[1] (Транскам; ТрансКАМ; ТКМ) федералон автофæндæгтæй иу, бæтты Уæрæсе æмæ Фæскавказ, у Хуссар Ирыстонмæ Цæгат Ирыстонæй иунæг хорз фæндаг. Райдайы Алагирæй, Æрыдоны былтыл хизы хуссарырдæм, стæй та Нарыдон æмæ Захъхъайы дон-дон. Ручъы тъунелæй баст у Хуссар Ирыстонимæ, кæцыран дæлæмæ цæуы Стыр Леуахийы былтыл Цхинвалмæ. Дарддæр цыдис Гурмæ, фæлæ Цхинвалы хуссарырдæм фæндагæй нал пайда кæнынц. Иуæй-иу хатт Транскамы хай ма хонынц Дзæуджыхъæуæй Алагиры онг фæндаг дæр.
Транскамы уæрæсейаг хай хуындис Р297, 2018-æм азæй та — А-164. Фæндаджы дæргъ у 164 км (Алагирæй арæны онг — 97 км, Ручъы тъунелы хуссар порталæй Цхинвалы онг — 33 км, Цхинвалæй Гурмæ — 32 км.
Транскамы фылдæр хай цæуы хохы сæрты. Кæд æмæ фæндаг афæдзы дæргъы кусы, уæддæр-иу ноябрæй маймæ арæх вæййы æхгæд зæйты аххосæй[2]. Тæккæ вазыгджын у фæндаг Буронæй Ручъы тъунелы онг, тынг бирæ зæйтæ дзы вæййы (234 зæйы æртдзæсты). Афæдзы дæргъы фæндагмæ рацæуы 250 зæйы бæрц[3]. Алы аз дæр цæуы зæйты ныхмæ галлерейтæ арæзтад.
Транскам у тынг ахсджиаг фæндаг, уый тыххæй æмæ у, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон афæдзы дæргъы чи иу кæны, иунæг ахæм фæндаг. 2003-æм азы агъоммæ фæндагыл ластой уæзтæ Сомихмæ дæр, фæлæ хæсты аххосæй ныртæккæ транзитон транспортæн у æхгæд.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Транскам аразыныл куыст райдыдта 1930-æм азы, Адæмон комиссарты совет арæзтады пълан куы сфидар кодта, уæд. Арæзтады хицау сси ирон инженер Гаглойты Рутен[4].
Проектмæ гæсгæ арæзтадон куыстытæ хъуамæ фæуыдаиккой 1961-æм азмæ, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст уыцы пъланыл сæвæрдта цæлхдур.
Æрмæстдæр 1968—1969 азты Госплан раздæхтис фæндаг аразыны фарстмæ.
1971-æм азы Советон Цæдисы министрты совет сфидар кодта уынаффæ Ручъы тъунел æмæ Транскамы арæзтады тыххæй. Проект бацæттæ кæныныл куыста институт Союздорпроект.
Транскамы проект иуæй-иутæм æгæр зынаргъ кастис, æмæ уыдон фæндыди уый бæсты Хæстон Гуырдзиаг фæндаг фæхуыздæр кæнын. Ручъы тъунелы фарс слæууыдис Цæгат Ирыстоны уæды сæргълæууæг Хъæбæлоты Билæр.
Арæзтад райдыдтой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны уыцы иу рæстæг 1975-æм азы.
1981-æм азы 4 ноябры тъунеларазджытæ кæрæдзийыл сæмбæлдысты.
1984-æм азмæ фæндаджы фыццаг хай цæттæ уыдис. Аразджытæ сарæзтой Ручъы тъунел, 17 хиды (æдæппæт дæргъæн 1 км) æмæ цалдæр зæйхъахъхъæнæн галерейы. 1986-æм азы официалон эксплуатацимæ бацыдис[4].
Ныртæккæ цæуы Транскамы иу хай (23 километры даргъ) рацаразыныл куыст[5]. Пъланмæ гæсгæ кустытæ хъуамæ фæуой 2020-æм азмæ, уæдмæ хæдтулгæтæн ацæуыны бар у æрмæстдæр фæндаджы иу фарсыл.
Транскамы фенддæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- Хуыцауы раргомы номыл сылгоймӕгты Алайнаг моладзандон
- Бальнеологион курорт «Тæмискъ»
- Уастырджийы цыртдзæвæн[6]
- Илциисæны хæлддзæгтæ Бызы цур
- Мæсгуытæ Уæллаг Мызурмæ ’ввæхс
- Нузалы аргъуан (XIII æнусы арæзт).
- Ручъы ком
- Бурхох (Хурбадæны хох)
- Дзау (фæндаг йæ сæйраг уынгыл цæуы)
- Ацабеты гæнæх
- Хуссар Ирыстоны сæйраг сахар Цхинвал
Уый йеддæмæ фен
[ивын | Бындур ивын]- Арвыкомы фæндаг
- Уæлладжыры фæндаг
- Хæстон Сухумы фæндаг
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Статья: «Транскам зарождался так…» — ОСинформ.
- Panoramio-йы къам — Уастырджийы цыртдзæвæн Алагирæй хуссарырдæм.
- ГУ МЧС России по РСО-А Архивгонд æрцыдис 4 октябры 2019 азы. — Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад Цæгат Ирыстоны управлени
- ФГУ «Управление ордена Знак Почета Северо-Кавказских автомобильных дорог ФДА» — Росавтодоры бынæттон управлени.
- Северо-Кавказская военизированная служба Росгидромета
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
- ↑ http://cominf.org/node/1166522232
- ↑ Archive copy(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Датæ: 2019-æм азы 12 октябры. Архив 2016-æм азы 5 мартъийы.
- ↑ 4,0 4,1 Секреты Рокского тоннеля
- ↑ Транскамы рацараздзысты 23 километры хай фæндаг
- ↑ Archive copy(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Датæ: 2019-æм азы 12 октябры. Архив 2019-æм азы 12 октябры.