Стара-Загорæйы облæст
| Облæст | |
| Стара-Загорæйы облæст | |
|---|---|
| болг. Област Стара Загора | |
| | |
| 42°25′00″ с. ш. 25°30′00″ в. д.HGЯO | |
| Паддзахад |
|
| Админ. центр | Стара-Загорæ |
| Истори æмæ географи | |
| Бындурæвæрды датæ | 1999-æм азы 8 январы |
| Фæзуат |
|
| Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) |
| Цæрджытæ | |
| Цæрджытæ |
|
| Цифрон идентификатортæ | |
| Код ISO 3166-2 | BG-24 |
| Автомобилон код | СТ |
|
|
|
| Официалон сайт | |
|
|
|
Стара-Загорæйы облæст (болг. Област Стара Загора) — облæст Болгарийы централон хайы, ацы бæстæйы 28 облæстытæй иу, йæ фæзуатмæ гæсгæ 5-æм. Сæйраг сахар — Стара-Загорæ, цæрджытæ — 371 917 адæймаджы (2008 азы 16 июнмæ гæсгæ)[2].
Облæсты фæзуат — 5151 км². Регистрацион код — СТ
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Куыд æппæт бæстæйы, афтæ Стара-Загорæйы облæсты дæр цæрджыты нымæц къаддæр кæны. Уымæн йæ аххосты ’хсæн сты интенсивон миграци æмæ чысыл гуырынад. 2005 азы облæсты цардысты 410 мин адæймаджы, 2007 азы та — æрмæст 389 мин.
Стырдæр сахартæ сты Стара-Загорæ (183 мин) æмæ Казанлык (90 мин).
Экономикæ
[ивын | Бындур ивын]2003 азы Старæ-Загорæйы облæст ахста Болгарийы облæстыты ’хсæн æртыккаг бынат адæймаджы размæцыды индексмæ гæсгæ (ИНО-йы официалон доклад). 2004 азы фæсарæйнаг инвестицитæ облæстмæ уыдысты 838 милуан евройы, кæд æмæ æппæт бæстæмæ бацыд 2.020 млн (ома, æппæт фæсарæйнаг инвестицитæй 41,5%). Уыцы ’хцайæ фылдæр хай цыд энергетикæмæ — энергетикон комплекс Марицæ Изток аразынмæ.
Стара-Загорæйы облæсты лæууы бæстæйы стырдæр бæгæныуадзæн завод — «Загорка», кусынц дзы 800 адæймаджы. «Загорка» уадзы Болгарийы бæгæныйæ 30%. Æндæр куыстуæтты ’хсæн тамакойы комбинат «Слънце — БТ — Стара Загора», макаронтæуадзæн завод «Загария», хойраджы индустрийæн машинæтæаразæн завод «Хранинвест — Хранмашкомплект», згъæры конструкциты завод æмæ æндæртæ.
Облæст у хъæууон хæдзарады ахсджиаг регион. Садзынц дзы мæнæу, техникон культурæтæ, халсартæ, сæнæфсир. 1950 азæй фæстæмæ дарынц фысвосы бынæттон хуыз — лыстæг къуымбил дзы райсынмæ.
Стара-Загорæ у Хуссар Болгарийы ахсджиагдæр транспортон æлхынцъытæй иу. Ууыл цæуы æфсæнвæндаджы къабаз Русе — Подковæ.
Æмгуыстад
[ивын | Бындур ивын]Стара-Загорæйы облæстмæ ис сæрмагонд культурон æмæ экономикон бастдзинад уæрæсейаг Самарæйы облæстимæ (1999 азæй).