Перейти к содержанию

Халсæрттæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Халсар-æй æрвыст)
Халсæрттæ Франкфурты базары

Халсæрттæ (иууон нымæц: халсар) у иуæй-иу хæрынæн бæзгæ зайæгойты æмбырдгæнæн ном. Халсæртты ’хсæн радихкæнæн и уидагдыргътæ (уырыдзы, цæхæра, булкъ), хъуымбылдыргътæ (картоф, зæххыфæткъуы), къабускайы хуызтæ, хъæдындзы хуызтæ, хъацæнтæ (хъонтхора, мæзæрæу), дыргътæ (банан, пъамидор), бастаны халсæрттæ (нас, патиссон), хъæдур.