Калоты Барис

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Калоты Барис
Райгуырды датæ 1915[1] кæнæ 1916-æм азы 15 январы(1916-01-15)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2006[1] кæнæ 2006-æм азы 23 октябры(2006-10-23)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз истори[2] æмæ этнографи[2]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн историон зонæдты доктор[d]
Ахуырадон ном профессор[d]
Зонадон разамонæг Косвен, Марк Осипович[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Отечественной войны I степени орден Отечественной войны II степени медаль «За отвагу» медаль «За боевые заслуги»

Калоты Алыксандры фырт Барис (райгуырдис 1916-æм азы, Байыкомы, Захъхъайы — амардис 2006-æм азы 23 октябры[3] Мæскуыйы) уыдис Ирыстон æмæ Кавказы этнограф[3], кавказзонынады специалист; историон зонæдты доктор; уыдис Советон Цæдисы зонæдты Академийы Кавказы секторы Этнографийы институты хистæр зонадон кусæг.

Цардафыст æмæ зонадон архайд[ивын | Бындур ивын]

Йæ сабибонтæ Калойы-фырт арвыста Цæгат Ирыстоны хæххон хъæу Захъхъайы. 1927 азы сæ бинонтæ хохæй ралыгъдысты быдырмæ — Къостайыхъæумæ. Ам иуæндæсаздзыд Барисæн фыццаг хатт фæцис ахуырмæ бацæуыны фадат. 1931 азы йæ ахуыр ахæццæ кодта дарддæр — бацыдис Ростовы рабфачы изæрон хайадмæ. Æнцон нæ уыдис æрыгон лæппуйæн: бонæй кусгæ кодта (паравозтæ цалцæггæнæн заводы — ахуыргæнинаг-слесырæй), изæрæй та — ахуыр. Рабфак каст куы фæцис, уый фæстæ Барис сси Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты историон факультеты студент[3]. Институт каст фæцис æнтыстджынæй æмæ куыста ахуыргæнæгæй. Фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст цæхгæр ивддзинæдтæ бахаста Барисы биографимæ, стæй Калоты бинонты цардмæ. Фронтмæ ацыдысты Барисы кæстæр æфсымæртæ. Уыдонæй иу — курдиатджын ирон поэт — Калоты Хазби 1943 азы Курскы сырхзынг къæлæтауы йæ цард нывондæн æрхаста Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Иннæ æфсымæр — Солтанбег, бирæ фæрахау-бахау кодта хæстон рыг æмæ уæззау фæндæгтыл, ныртæккæ у медицинон службæйы инæлар-лейтенант.

Калойы-фырт райдианы йæхæдæг службæ кодта артиллерион полчъы, фæстæдæр æй арвыстой политкусджыты курсытæм. Ам хæстон цæттæдзинады фæзилæнтæ базыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сгуыхт капитан Бухреидзейы батальоны. Фашистты ныхмæ тохты архайдта Калинины фронты, стæй та знагæй горæттæ Курск, Воронеж æмæ Белгород ссæрибар кæныны хæстыты. 1943 азы фæцис уæззау цæф æмæ æрвыст æрцыдис фæсчъылдыммæ, службæ кодта Мæскуыйы гвардион-минæхсæн æфсæддон хæйттæ цæттæгæнæг штабы политхайады инструкторæй.

1946 азы Барис ссыдис Ирыстонмæ, 14 хæстон хорзæхы йæ риуыл, афтæмæй.

Мæскуыйы ма куы службæ кодта, уæд Калойы-фыртæн уыдис Паддзахадон Университеты æмæ академион институтты лекцитæ æмæ зонадон сесситæм цæуыны фадат, базонгæ зындгонд ахуыргæндтимæ. Уый сфæнд кодта йе ’ппæт тыхтæ дæр зонадон куыстæн раттын, йе ’рыгон бонты бæллиц сæххæст кæнын. Æмæ йæ къухы æфтгæ дæр бакодтой — ссис ССР Цæдисы зонæдты Академийы Этнографийы институты аспирант (1947)[3]. Фыццаг ын разамынд лæвæрдта ирон историк Кокиты Георгий, 1950 азæй фæстæмæ та — советон ахуыргæндты дæсныдæртæй иу — зындгонд этнограф Марк Косвен. Уый хорз зонынц æппæт дунейы дæр. М. О. Косвен стыр ахъаз фæцис Калойы-фыртæн. Барис-иу арæх дзырдта, зæгъгæ, уыцы рæстæджы Косвен мæнæн уыдис æцæг ахуыргæнæг, бирæ зонындзинæдтæ кæмæ уыдис æмæ стыр фæллойуарзон чи уыд, ахæм ахуыргонд. Уымæ æз сахуыр дæн кусын дæр æмæ зонад куыд уарзын хъæуы, ууыл дæр.

Калойы-фырт хуымæтæджы нæ дзырдта афтæ: йæ ахъаззагдæр зонадон куыст — монографи «Ирæттæ» фыст æрцыдис М. О. Косвены уынаффæмæ гæсгæ.

Барис диссертаци куы бахъахъхъæдта, уæд æй ныууагьтой Этнографийы институты. Уæдæй абонмæ уæхскуæзæй фæллой кæны ам, у хистæр зонадон кусæг.

Калойы-фырты зонадон биографийы ахсджиагдæр рæстæг схонæн ис 50-æм азты райдиан. Уæд Абайты Васо Ленинградæй æрцыдис Мæскуымæ æмæ Барисимæ ССР Цæдисы зонæдты Академийы куыстой иумæ. Нæ нацийы сæрыстырдзинад Абайты Васойы æххуысæй Калойы-фырт ныллæууыдис ирон адæмы равзæрды фарстатæ, Нарты кадджытæ, ирон мифологи æмæ венгриаг ясты цардыуаг иртасыны фæндагыл.

Калоты Барис диссертаци бахъахъхъæдта 1951 азы, цыдис ыл 35 азы. Уæдæй абонмæ дæр рацыдис уал азы. Фæлæ уыцы рæстæджы Барис цы хæрзхъæд æмæ мидисджын зонадон куыстытæ ныффыста, уыдонмæ батæхуды кæндзæн кæцыфæнды егъау ахуыргонд дæр. Йæ куыстыты æхсæн ис монографион раиртæстытæ, дæсгай зонадон уацтæ, дунеон конгресстæ æмæ æппæтцæдисон сесситæм цы докладтæ æллæ хъусынгæнинæгтæ цæттæ кодта, уыдон, стæй этнографион литературæйы фæдыл рецензитæ.

Ахуыргонды зонадон хъуыдыкæнынад здæхт у ирзонынадмæ. Иртæста ирон адæмы æрмæгон æмæ монон культурæйы фарстатæ. Йæ кандидатон диссертаци фыст уыди Мæздæджы ирæтты историон-этнографион фарстатæ сбæлвырд кæныны фæдыл. Ацы куысты Калойы-фырты къухы бафтыдис, XVIII-æм æнусы кæрон хохаг ирæттæй быдырмæ чи ралыгъдис, уыдоны культурæ æмæ цардыуаджы сæйрагдæр миниуджытæ адæмы рæнхъмæ рахæссын.

Калойы-фырты историон-этнографион монографи «Ирæттæ» ахсы сæрмагонд бынат йæ зонадон куыстыты ’хсæн. Мыхуыры рацыдис рауагъдад «Наука»-йы 1967 азы. Фæстæдæр ыл автор ногæй бакуыста æмæ йæ джиппы рауагъта 1971 азы. Чиныджы ирдæй æвдыст æрцыдысты ирон адæмы æрмæгон культурæимæ цыдæриддæр баст ис, уыцы фарстатæ: цæрæнуат, хæлц, дарæс; æхсæнадон ахастытæ: патриархалон-мыггагон царды баззайæццæгтæ, бинонты цардыуаг, дин, рухсад, культурæ, национ рæзты фарстатæ æмæ æндæр ахæмтæ. Ахуыргонд цы фарстатыл дзуры, уыдон иууылдæр иртæст цæуынц арф, мидисджын сты зонадон æгъдауæй. Чиныджы æнтыстæн ма ахъазгæнæг у уый дæр, æмæ фыст æрцыдис хъæздыг быдырон этнографион æрмæджы бындурыл. Автор монографийы æрмæг æрæмбырд кодта æрмæст Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны нæ, фзглæ ма ирæттæ кæддæр цæрынмæ кæдæм фæлыгъдысты, уыцы зæххытæ — Гуырдзыстон æмæ Стъараполы крайы дæр.

Калойы-фырты альбом-чиныг «Ирæтты æрмæгон культурæ æмæ æрмгуысты аивад», зæгъгæ, уый дæр зынгæ бынат ахсы нæ этнографийы. Мыхуыры рацыдиc 1973 азы Мæскуыйы, ис дзы 102 таблицæйы æмбарынгæнæн тексттимæ. Ам æвдыст цæуы ирæтты цæрæнуат, дарæс, иу ранæй иннæ ранмæ ралидзыны аххоссæгтæ, хæдзары мигæнæнтæ, кусæнгæрзтæ, ингæны цыртытæ, рагон цыртдзæвæнтæ, орнамент, алдымбыдтæ...

1967 азы мыхуыры рацыдис цымыдисаг чиныг «Ирæттæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг бæлццæтты фыстыты». Сарæзта йæ æмæ йын разныхас, фиппаинæгтæ ныффыста Барис. Чиныгмæ хаст æрцыдысты, куыд XIII — XVII æнусты ахуыргонд бæлццæтты (Юлиан, Рубрук, Ламерти, Барбаро, Шарден), афтæ XVIII—XIX æнусты ахуыргæндты (Штедер, Клапрот, Рейнегс, Гюльдинтштет) хъуыдытæ ирæтты тыххæй. Æмбырдгонды ис дзæвгар æрмæг алантæ-ирæтты историйæ.

Калоты Барис удуæлдай фыдæбон бакодта ирæтты равзæрды уидæгтæ сбæлвырд кæныны хъуыддагыл дæр. Докторы ном райсыны фæдыk, диссертаци ныффыста ацы фарстатыл.

Ахадгæ сты Калойы-фыртæн йæ иннæ зонадон куыстытæ дæр: «Этнографи æмæ фольклоры цæвиттонтæ ирæтты равзæрды тыххæй», «Ирæттæм мард бавæрыны æмæ хисты æгъдæуттæ сты этногенезы суадон», «Ирæтты этнографион бастдзинæдтæ Астæуккаг Азиимæ», «Скифтæ-сарматтæ-алантæ-ирæтты параллельтæ», «Ирæтты этногенез æмæ этникон истори Абайты Васойы куыстыты» æмæ бирæ æндæртæ.

Калоты Барисы сфæлдыстады дзæвгар иртасæн уацтæ ис Нарты эпосы тыххæй. 1951 æмæ 1978 азы Абайты Васоимæ Барис цæутæ кодта Нарты кадджыты тексттæ мыхуыры рауадзынмæ, сарæзта сын комментаритæ, ныффыста сын фæсдзырд. Нарты кадджыты фæдыл Калойы-фырт цы зонадон куыстытæ ныффыста, уыдонæй иу-цалдæр сты: «Амазонкæты мотивтæ ирон Нарты эпосы», «Нарты эпосы ныффыссын æмæ ныммыхуыр кæныны истори», «Иуæй-иу этнографион параллельтæ ирон Нарты эпосы».

«Дунейы адæмты мифтæ», зæгъгæ, ацы энциклопедийæн Калойы-фырт ныффыста, ирон мифологийы тыххæй дзы цы уацтæ ис, уыдон; «Кавказы адæмтæ», зæгъгæ, чиныджы та ныммыхуыр кодта, Такъоты Надяимæ кæй ныффыста, уыцы уац ирæтты этнографийы тыххæй.

Калойы-фырт стыр цымыдис кодта, XIII æнусы Венгримæ аланты знæмтæ-ястæй чи алыгъдис, уыдоны историмæ. Уыдис сæм дыууæ хатты. Ясты тыххæй цы куыстытæ ныффыста, уыдоны равдыста цымыдисаг ирон-ясаг этнографион параллельтæ.

Фæлæ Калоты Барис канд ирон этнографимæ нæ дардта йæ хъус. Ныффыста бирæ зонадон раиртæстытæ æгас Кавказы тематикæйæ, æвзæрдта кавказаг хицæн адæмты этнографийы фарстатæ, къорд азы дæргъы куыста, Кавказ этнографион æгъдауæй чи иртæста, уыцы ахуыргæндтæ Всеволод Миллер æмæ Максим Ковалевскийы зонадон бынтæ сахуыр кæныныл. «В. Ф. Миллер — Кавказзонæг», зæгъгæ, Калойы-фырты ацы чиныг рацыдис 1963 азы. Уый стыр цымыдис равзæрын кодта этнографион зонады. В. Ф. Миллер rавказзонынады йæ фыстытæй, уæлдайдæр та ирæтты тыххæй кæй ныффыста, уыдонвей, йæхицæн удæгасæй ныссагъта æнæкъухбакæнгæ цырт.

Академик Миллеры зонадон бынтæ æххæссынц Кавказзонынады алы къабазыл дæр. Уыдон Калойы-фырт æвзæрста лæмбынæг.

Фæстæдæр ахуыргонд бацæттæ кодта ног егъау монографи «М, М. Ковалевский æмæ Кавказы хæххон адæмты тыххæй иртасæн куыстытæ». Мыхуыры рацыдис 1976 азы Мæскуыйы. Чиныджы æздыст цæуы зынгæ ахуыргонды цард æмæ зонадон архайд. Ковалевскийæн Кавказы бантыстис хæххонты барады фæдыл иттæг цымыдисаг æрмæг æрæмбырд кæнын. Уый ссис дунеон зонады исбон. Монографийы автор раст аргъ скодта Ковалевскийы куыстæн ирæтты тыххæй. Уац хуыйны «Нырыккон æгъдæуттæ æмæ рагфыдæлты закъон». Барисы чиныджы тыххæй М. О. Косвен загъта: «...Калойы-фырты чиныг у, йæ мидис, йæ ахадындзинедæй канд ирæтты æхсæн нæ, фæлæ æмткæй Кавказы этнографион литературæйы дæр æмбал кæмæн нæй, ахæм зонадон фæллой».

1981 азы рауагъдад «Наука»-йы мыхуыры рацыдис Калоты Барисы радон монографион иртасæн куыст «Зæххы куыст Цæгат Кавказы адæмтæм». Чиныджы дзырдæуы зæхгуысты системæйыл, хæдзарадон кусæнгæрзтыл, традицион бæрæгбæттæ æмæ æгъдæуттыл, хъæздыг у картографион иллюстративон æрмæгæй. Уыцы æрмæг Барис æрæмбырд кодта, ирæттæ, цæцæн, мæхъхъæл, кæсæг æмæ балхъайрæгтæ кæм цæрынц, уыцы зæххытыл. Зындгонд этнографæн йæ къухы бафтыдис зæхгуысты лскалон æмæ этникон хицæндзинæдтæ раиртасын.

Ацы монографийæ дарддæр ма Цæгат Кавказы адæмты тыххæй Барис ныффыста уацтæ «Кавказы адæмтæ» (цæцæн æмæ мæхъхъæлы æгъдæуттыл), зонадон куыстытæ дагъистайнаг агъулæгты тыххæй («Агъулæгты историон-этнографион очерктæ», «Агъулæгты хъæутæ æмæ цæрæнуæттæ», «Агъулæгты зæхгуысты ахастытæ»), стæй цымыдисаг раиртæстытæ адыгейæгты культурæ æмæ ирон-балхъайраг этнографион параллельты тыххæй.

Калоты Барис уыциу рæстæг йæ хъус дардта æрыгон ахуыргæндты хъомыл кæнынмæ. Йæ аспиранттæй бирæтæ кусынц Цæгат Кавказы академион институттæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Барис уыдис ССР Цæдисы зонæдты Академийы Этнографийы институты зонадон къæпхæнтæ дæттыны сæрмагонд советы уæнг.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Цыбырты Людвиг. Зындгонд этнограф. // «Мах дуг», 1988. №4
  • Список основных работ Б. А. Калоева // Этнографическое обозрение, 2001. № 1
  • Анчабадзе Ю. Д., Цаллагова З. Б., Зверева Ю. И. Б. А. Калоев // Этнографическое обозрение. 2007. № 3.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]