Пчелина, Евгения Георгийы чызг
Евгения Георгийы чызг Пчелина | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1895 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1972 |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | археологи[d], этнографи æмæ кавказзонынад |
Альма-матер |
Пчелина Евгения Георгийы чызг (1895—1972) — советон археолог æмæ кавказзонæг, Кавказы архитектурон бынтæ иртасæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Райгуырдис Кутаисы, паддзахадон службæгæнæджы бинонтæн, йæ фыд уыд инæлар Бенедиктович Георгий Семёны фырт, йæ мад — абхазаг Шервашидзе Мария Александры чызг. 1914-æм азы ахуырмæ бацыдис Мæскуыйы арехологон институтмæ æмæ йæ каст фæци 1916-æм азы сыгъзæрин майданимæ. Йæ дипломон куыст уыди, сомихаг æмæ гуырдзиаг архитектурæ уырыссаг аразджытæн манголты бабырсты размæ цы тæваг дардта, уый тыххæй. 1917-æм азы ахуыр кæнын райдыдта МПУ-ы юридикон факультеты, 1915-æм азæй куыста алыхуызон музейты, 1920-32 куыста Мæскуыйы паддзахадон историон музейы.
Куыд ахуыргæнæг дæр стыр бавæрæн скодта зонадмæ: 1924-25 азты амыдта гуырдзиаг æвзаг Мæскуыйы скæсæнзонæны институты, 1930-32 музейты куысты кафедрæйы доцент Мæскуыйы музейты кусджыты зонындзинæдтæ уæллæгдæр кæныны институты. 1939-48 азты уыд Скæсæны хайады сæйраг зонадон кусæг Паддзахадон Эрмитажы. Музейы экспонатты фыццæг эшелонимæ ацыдис Свердловскмæ, уым хæстон рæстæджы дæр кодта зонадон куыст, фыста йæ кандидатон диссертаци æмæ йæ æнтыстджынæй бахъахъхъæдта 1944-æм азы[1].
Эрмитажмæ куы раздахтис, уæд адарддæр кодта йæ куыст Кавказы адæмты этнографи æмæ æвзæгты тыххæй, йæ докторы диссертаци бацæттæ кодта 1968-æм азы.
1952 азæй иста пенси. Йæ цардæй ахицæн Ленинграды 1972 азы.
Иртасæнтæ
[ивын | Бындур ивын]Иртæста Фæскавказы архитектурæ, 1940-æм азы рауагъта Азербайджаны ССР-йы зæххытыл сомихаг аритектурæйы бынты тыххæй куыст[2].
Басгæрста Цæгат Ирыстоны алы ком дæр, фæлæ уæлдайдæр йæ хъус дардта Уæлладжыргоммæ. Нузалы аргъуан зæппæдзæй конд кæй у, уый фæнысан кодта, стæй та йæ быны ссардта хæстон ингæн, хуыдта уыцы амæддзаг XII-XIII æнусты ирон истори æмæ ирон-гуырдзиаг аххæстдзинæдты иунæг ратæдзæн[3]. Цы ингæн ссардта, уый æнхъæл уыд Сослан-Дауыты ингæн (уый амардис 1207 азы), фæлæ иннæ ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ (уыдоны ’хсæн Абайты Васо дæр) Ос-Бæгъатыры ингæн у (уый амардис 1306 азы).
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Культурная эвакуация: Государственный Эрмитаж(недоступная ссылка). Управление культуры Администрации Екатеринбурга. Датæ: 2020-æм азы 14 декабры. Архив 2021-æм азы 28 январы.
- ↑ Пчелина Е. Г. Армянские памятники на территории Азербайджанской ССР // Труды отдела [истории культуры и искусства] Востока. — Л., 1940. — Т. III. — С. 243—254.
- ↑ Пчелина Е. Г. Ossetica. Избранные труды по истории, этнографии и археологии осетинского народа. — Владикавказ, 2013. — С. 28.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Калоев Б. А. Е. Г. Пчелина — учёный-кавказовед (рус.) // Этнографическое обозрение. — 2004. — № 3. — С. 98-111.
- Чибиров Л. А. Научное наследие Е. Г. Пчелиной как образец междисциплинарного исследования // Известия СОИГСИ. — 2016. — Вып. 19 (58). — ISSN 2223-165X.