Перейти к содержанию

Мангол

46° с. ш. 105° в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мангол
Монгол Улс
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Даяар Монгол»
Манголы паддзахадон гимн
Официалон æвзаг мангойлаг
Сæйраг сахар Улан-Батор
Стырдæр сахартæ Улан-Батор, Эрдэнэт, Дархан
Хицауиуæджы хуыз Парламентон республикæ
Территори
 • Æдæппæт 1 564 116 км²
 • Доны уæлцъары % 0,6
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 2 832 224 ад.
 • Æнгомад 1,8 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2006) 5,781 млрд. долл.
Валютæ Манголы тугрик (MNT)
Интернет-домен .mn
Код ISO MN
ÆОК-ы код MGL
Телефонон код +976
Сахатон таг +7 … +8
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Манго́л[1], Монголи дæр (манг. Монгол Улс) у паддзахад Азийы, Уæрæсе æмæ Китайы сыхаг.

  • Фæзуат: 1 565 000 км² (дунейы 18-æм).
  • Цæрджыты нымæц: 2 712 315 адæймаджы (2003-агæм азы).

Манголы цæрджытæй сæ фылдæр цæрынц быдыры, хизынц фос. Уыцы бæстæйы бирæ сахартæ нæй (фен Манголы сахарты номхыгъд). Алы Манголы цæрæгæн хауы 12 стуры. Фосдарынады кусынц мангойлæгты 42%.

XIII æнусы Мангол уыдис дунейы историйы стырдæр империйæн йæ зæрдæ. Уыцы империйы бындур сæвæрдта мангойлаг адæмы иугæнæг Чингисхан.

Нырыккон Мангол, куыд хæдбар паддзахад, сæвзарди 1911-æм азы. Китай 1949-æм азы онг разы нæ уыд Манголы хæдбардзинадыл.

Административон дихдзинад

[ивын | Бындур ивын]

Манголы 22 провинцийы ис (провинци та мангойлагау у аймаг). Сæйраг сахар Улан-Батор у хицæн административон субъект.

Политикæ

[ивын | Бындур ивын]

Манголы ис цалдæр политикон партийы, уыдонæй тæккæ тыхджындæр сты Адæмон революцион парти æмæ Демократион парти.

Манголы президент у Халтмаагийн Баттулга, 2017-æм азы равзæрст[2].

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]
Манголы картæ
Æдзæрæгран Гоби

Æрхуы, молибдены концентрат, флюорит, кæсæмир, къуымбил, стуры царм сты сæйраг экспортон товартæ. Манголы ис æфсæнæрзæт æмæ дурæвзалыйы рæдзæгъдтæ, æндæр минералон ресурстæ.

2003 азы уавæрмæ гæсгæ сæйраг экспортон партнёртæ уыдысты: Китай — 46,7%, АИШ — 32%, Уæрæсе — 6,5%, Хуссар Корей — 5,1%.

Нефтæй конд продукттæ, индустрион ифтонггæрзтæ, фæлхасгæнæн товартæ.

2003 азы уавæрмæ гæсгæ сæйраг импортон партнёртæ уыдысты: Уæрæсе — 33,9%, Китай — 19,8%, Хуссар Корей — 12,1%, Герман — 5,2%.

Транспорт

[ивын | Бындур ивын]

2004 азы уавæрмæ гæсгæ бæстæйы ис 36 аэропорты. Уыдонæй 11 аэропорттæн ис хъæбæр стæхæн таг.

Кусынц:

Манголы моладзандон

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирон-уырыссаг дзырдуат. Сарæзтой йæ: Бигъуылаты Б., Гагкайты Хъ., Гуыриаты Т., Хъуылаты Г., Гуаты О. Дзæуджыхъæу, «Алания», 2004 — 540 ф.
  2. На выборах президента Монголии победил кандидат от оппозиционной партии