Перейти к содержанию

Буачидзе, Самуил Григорийы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Ной Буачидзе-æй æрвыст)
Самуил Григорийы фырт Буачидзе
гуырдз. სამუელ გრიგოლის ძე ბუაჩიძე
Псевдонимы Ной
Райгуырды датæ 1882-æм азы 5 июны(1882-06-05)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1918-æм азы 20 июны(1918-06-20) (36 азы)
Мæлæты бынат
Куысты мыггаг политик, революционер
Парти

Самуил Григорийы фырт Буачидзе (гуырдз. სამუელ გრიგოლის ძე ბუაჩიძე), фæсномыг — Ной (гуырдз. ნოე; райгуырдис 1882-æм азы 5 июны, Кутаисы губернæйы Парцхналийы хъæуы — амардис 1918-æм азы 20 июны Дзæуджыхъæуы) — Уæрæсейы революционер-большевик, Цæгат Кавказы Советон влæсты сæрæппонд чи тох кодта, уыдонæй иу.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Буачидзе райгуырдис зæхкусæг бинонты ’хсæн. Каст фæцис хъæууон хæдзарады училище æмæ ахуыргæнджыты курсытæ. 1902-æм азы бацыдис партимæ. Разæнгæрд кодта зæхкусджыты тох 1905-æм азы революцийы рæстæг Ныгуылæн Гуырдзыстоны.

Ахстой йæ æмæ йæ арвыстой Сыбырмæ. Уырдыгæй алыгъдис 1911-æм азы Гуырдзыстонмæ, уырдыгæй та — фæсарæнмæ. Куыста Швейцарийы большевикты партийы хъуыддæгтыл. Февралы революцийы фæстæ, Ленины амындмæ гæсгæ, Ной Буачидзе аразта политикон эмигрантты раздæхт Уæрæсемæ. 1917-æм азы апрелы раздæхтис йæхæдæг дæр æмæ ссис Дзæуджыхъæуы советы президиумы уæнг. 1918-æм азæй — Терчы Советон Республикæйы адæмон комиссарты советы сæргълæууæг.

Фехстæуыд митингы рæстæг Дзæуджыхъæуы 1918-æм азы 20 июны.

Дæргъвæтин рæстæг Ной Буачидзейы ном хаста Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр уынгтæй у — ныртæккæйы Къостайы проспекты цæгатаг хай.