Ирон газет
«Ирон газет» уыдис фыццаг газет ирон æвзагыл. Йæ фыццаг номыр рацыдис мыхуырæй 1906-æм азы 23 июлы Дзæуджыхъæуы.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Ирон адæмыл ивгъуыд æнусы райдианы цы стырдæр цаутæ æрцыд æмæ сын зæрдылдаринагдæр чи ссис, уыдонæй сæ иу уыд мадæлон æвзагыл фыццаг газеты фæзынд. Мæгуыр, æфхæрд æмæ талынг уæвгæйæ, уыдонæн газеты фæзынд уыдис, рухс цардмæ сæ чи хуыд-та, ахуырдзинады, зонды фæндагыл сæ чи лæууын кодта, ахæм хуры фæзындау.
Газет мыхуыр æрцыд Дзæуджыхъæуы, З.Шуваловы типографы æмæ рухс федта 1906-æм азы 23 июлы. Кæд йæ тираж 500 экземпляры йедтæмæ нæ уыдис, уæддæр йæхицæн фæндæгтæ айгæрста Ирыстоны бирæ къуымтæм æмæ батавта, барæвдыдта мингай ирон адæймæгты зæрдæты. Цыдис къухæй-къухмæ æмæ кæсын чи зыдта, уыдон æй кастысты — цы æрмæджытæ дзы мыхуыр уыд, уыдонимæ зонгæ кодтой æндæрты дæр. Мадæлон æвзагыл кæй рацыд, йæ ном дæр фырбуцæн, сæрыстырæй «Ирон газет» уымæн схуыдтой, йæ рауадзыныл чи куыста, уыдон. Уыцы адæймæгтæ та уыдысты, сæ адæмы хъысмæтыл, йæ фидæныл сæ зæрдæ кæмæн рыст, ахæм фарны лæгтæ. Номхуындæй та – Гæздæнты Дзыбын, Æмбалты Цоцко, Кочысаты Сабан, Гæдиаты Цомахъ, Хъаныхъуаты Алмæхсидт, Бутаты Аслæнбег æмæ Уыртаты Хъамболат. Уæдмæ уыдонæй иутæн бантыст Ирыстоны раззагдæр интеллигенцийы рæнхъытæм рахизын, иннæтæ та сæ царды райдиан фæндагыл лæуд уыдысты. Се ’хсæн уыдис дохтыр, ахуыргæнæг, агроном, ирон «Райдиан чиныг» аразæг, студент-юрист, студент-медик, студент-филолог. Æндæр æмæ æндæн дæсныйæдты адæймæгтæ дæр уыдысты, уымæ гæсгæ газеты мыхуыргонд æрмæджытæ дæр уыдысты алыгъуызон темæтыл фыст æмæ сæхимæ здæхтой газеткæсджыты.
«Ирон газет» бирæ нæ ацарди, 20 августы йæ сæхгæдтой. Йæ сæйраг редакторы та — Аслæнбеджы арвыстой ахæстонмæ.[1]