Æмбалты Цоцко
Æмбалты Цоцко | |
---|---|
![]() Æмбалты Цоцко (рахизырдыгæй) æмæ йæ ахуыргæнæг Саламты Никъала | |
Райгуырды датæ | 18 (30) октябры 1870 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1937 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг, тæлмацгæнæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Æмбалты Бицойы фырт Цоцко (аргъуыды ном — Увар; райгуырдис 1871-æм азы Æрыдон — амардис 1937-æм азы) у педагог, рухстауæг, этнограф, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, æвзагиртасæг æмæ тæлмацгæнæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Цоцко райгуырдис 1871 азы Æрыдоны. Каст фæцис дины семинар 1891 азы. Семинар каст чи фæцис, уымæн уыдис бар ахуыргæнæджы кæнæ сауджыны куыст кæнын. Цоцко равзæрста рухсады куыст.
Ахуыргæнæджы æмæ æхсæнадон куыстæй уæлдай Цоцко архайдта адæмон сфæлдыстад æмбырд кæныныл, уырыссаг æмæ немыцаг æвзагæй зындгонддæр фысджыты уацмыстæ тæлмац кæныныл («Вильгельм Телль», Шиллер, «Макары фын» — Короленко æмæ а.д.).
Цоцкойы зæрдæмæ тынг цыдысты фыссæг Андерсены аргъæуттæ. Уыдонæй дæр цалдæр ратæлмац кодта ирон æвзагмæ («Фыдуынд бабызы цъиу» «Булæмæргъ»).
Цоцко стыр аргъ кодта Къостайæн. Йæ амæлæтæй йæхи бабыны онг фæдардта сау Хетæджы-фырты зианы фæдыл, нал адаста йæхи.
Репресситы дуджы æрцыд ахст æмæ 1937-æм азы йæ фехстой.
2007-æм азы Цæгат Ирыстоны Республикæйы Æмбалты Цоцкойы номыл сарæзтæуыд журналистикæйы къабазы кусджытæн сæрмагонд преми[1].