Перейти к содержанию

Бутаты Аслæнбег

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бутаты Саввӕйы фырт Аслæнбег
Тырыса
Хæххон Республикæйы адæмон хæдзарады министр
Тырыса

Райгуырдис 1880(1880)
Салыгæрдæн
Амардис 1939(1939)
Мæскуы
Архайд æхсæнадон архайæг, политикон архайæг

Бутаты Саввæйы фырт Аслæнбег (1876-1939) уыдис æхсæнадон æмæ политикон архайæг, фыццаг ирон газеты рауадзæг. Революци фæстæйы азты сси Хæххон республикæйы адæмон хæдзарады министр.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Аслæнбег райгуырдис 1876-æм азы Салыгæрдæны. Йæ фыд Саввæ уыд зæхкусæг æмæ уыди йын 9 сывæллоны: 5 лæппуйы æмæ 3 чызджы. Уæззау уыдысты сæ саби бонтæ, фæлæ уæддæр тырныдтой ахуырмæ æмæ иуылдæр райстой бæрзонд ахуырад. 1930-æм азты Саввæйы фырттæ иулдæр баййæфтой репресситы рæстæг. Кæйдæрты рарвыстой, кæйдæрты та сбадын кодтой æви топмæ бавæрдтой.

Хистæр фырт — Аслæнбег скъолайы фæстæ бацыди Æрыдоны дины семинармæ. 1900-æм азы та бахауди Императоры Зонæдты универститемæ (Тарту, Эстони).

Революци фæстæйы, Аслæнбег æнгомæй баллæуыди Хæхон змæлдмæ. 1918-æм азы сси Хæххон республикæйы адæмон хæдзарады министр.

Хæххон республикæйы хæлды фæстæ баззади Кавказы.

1938-æм азы НКВД СССР æй æрцахста æмæ йæ фæаххосджын кодтой контрреволюцийы змæлды.

1939-æм азы йæ фехстой. Аслæнбегыл цыди 63 аз. [1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]