Едзиты Сослæнбег

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Едзиты Сослæнбег
Райгуырды датæ 1865
Райгуырæны бынат Ход
Мæлæты датæ 1953
Бæстæ
Жанр скульптор

Едзиты Михалы фырт Сослæнбег (райгуырдис Ходы хъæуы 1865-æм азы — амардис 1953-æм азы) у ирон дорасæн[1] (дуртæй нывгæнæг скульптор), нырыккон ирон мемориалон ӕмӕ тӕрхӕгон дорасӕнады бындурӕвӕрӕг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Йæ мад æмæ йæ фыд уыдысты фосы æмæ зæххы куыстгæнджытæ. Сослæнбег каст фæци цыппар къласы Садоны. Сабийæ тынг бауарзта ныв кæнын, чингуытæ кæсын, музыкæ. Æхсæрдæсаздзыдæй кусын райдыдта Садоны шахтæйы. Йæ фыд куы фæзиан, уæд загъта: хъуамæ йын цырт мæхæдæг скæнон. Ацыди Бетъырбухмæ, балхæдта сойхъæстæ ахорæнтæ, стæй нывгæнæджы кусæнгæрзтæ, грекъаг барельефты къопитæ. Стыр цырт скодта йæ фыдæн æмæ йæ сахуырста. Ныртæккæ дæр лæууы уыцы цырт Ходы уæлмæрдты. Уый агъоммæ хъæуы цыртытæ нæ уыди. Хъæуы адæмæн цырт сæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ кæмæндæрты лæвар скодта цалдæр цырты.

Уый фæстæ арæх цæуын байдыдта Бетъырбухмæ. Иуахæмы та (уый уыдаид 1889–1891 азты) сыздæхти Бетъырбухæй. Бирæ хæссинæгтæ йæм уыд æмæ Ходæй раласта хæрæг Алагирмæ æмæ йæ уæргътимæ цыди фæстæмæ Ходмæ. Æхсæвы тæрккъæвда рацыд, æмæ Мызуры сæрмæ дурты лæсæн ракалди. Куы ’рбабон, уæд адæм фæндаг сыгъдæг кæнын райдыдтой дуртæй. Ацы ран Сослæнбег сæмбæлди Хетæгкаты Къостаимæ. Къоста уыди саргъы бæхыл. Дыууæ лæджы базонгæ сты, фæндаг сыгъдæг кодтой иумæ. (Уæд Къостайæн йæ «Ирон фæндыр» нæма рацыд, æмæ ахæм курдиатджын лæг у, уый бирæтæ нæ зыдтой).

Фæстæдæр Сослæнбег Сындзыхъæуы райдыдта чысыл хæдзаргонд (времянкæ) аразын. Куы срæвдз, уæд йæ бинонтæ ралыгъдысты уырдæм.

1945-æм азы Сослæнбег райдыдта Хурхоры Уастырджийы дурыл Уастырджийы хуыз кæнын. Хурхормæ цыди бæгъæввадæй. Скодта къахвæндаг кувæндонмæ. Æххуыс ын кодта сындзыхъæуккаг Мæрзойты Сталин.

Хурхоры Уастырджийы дурыл Сослæнбег фæкуыста суанг йæ амæлæты онг — 1953-æм азмæ.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Биазырты Кромвел, Биазырты Людмилæ. Дуры-иу бауагъта уд. Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №6, 89-æм фарс