Дзуццаты Хадзы-Мурат

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дзуццаты Хадзы-Мурат
Райгуырды датæ 1935-æм азы 1 январы(1935-01-01)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2000-æм азы 1 июны(2000-06-01) (65 азы)
Мæлæты бынат
Архайды хуыз поэт, тæлмацгæнæг, учёный-литературовед

Дзуццаты Арæнбеджы фырт Хадзы-Мурат (райгуырдис 1935-æм азы 1 январы Хуссар Ирыстоны Хъорнисы — амардис 2000-æм азы 1 июны Дзæуджыхъæуы) уыдис зынгæ ирон поэт, литературон критик, публицист æмæ æхсæнадон архайæг.

Йæ цард[ивын | Бындур ивын]

1952-æм азы сыгъзæрин майданимæ каст фæцис Хъорнисы астæуккаг скъола æмæ ахуыр кæнынмæ бацыдис Мæскуыйы А.М. Горькийы номыл Литературон институтмæ, каст æй фæцис 1957-æм азы.

1970-æм азы Дзуццаты Х.-М. бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци Гуырдзыстоны ССР Зонæдты Академийы Ш. Руставелийы номыл гуырдзиаг литературæйы историйы институты ахæм темæйыл: «Фыдыбæстæйы Стыр хæст ирон советон поэзийы». Диссертаци Дзуццайы-фырт бахъахъхъæдта ирон æвзагыл.

1957 азæй 1959 азмæ куыста Хуссар Ирыстоны рауагъдады редакторæй. 1959 азæй 1972 азмæ куыста Уанеты З. Н. номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты кæстæр зонадон кусæгæй. 1972 азæй 1985 азы январьмæ та ацы институты хистæр зонадон кусæгæй. 1985-1986 азты уыд зонад-иртасæн институты ахуыргонд нымæрдар. 1986 азы кæрон æвзæрст æрцыдис Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы бæрнон нымæрдарæй. Уый фæстæ куыста газет «Хуссар Ирыстон»-ы редакторы хæдивæгæй стæй та – редакторæй. 1994 азы июлы мæйы газет «Хуссар Ирыстон»-ы редактор суæвгæйæ раздæхта газетæн йæ фыццаг ном – «Хурзæрин» (1924 азы 1 январы фыццаг ирон паддзахадон газет Хуссар Ирыстоны рацыдис ахæм номимæ).

1995 азæй 2000 азмæ ома йа царды фæстаг бонмæ куыста Республикæ Цæгат Ирыстон—Аланийы фысджыты цæдисы журнал «Мах дуг»-ы поэзи æмæ драматургийы хайады сæргълæууæгæй.

1961 азæй уыд Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг. 1987 азы та йæ критикон уацты æмбырдгонд «Рæстæг æмæ литературæйы» руаджы сси Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.

Йе сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты цыппæрдæс азы йыл куы цыдис, уæд. Ирон литературæйы йын ис йæхи сæрмагонд æрмдзæф, йæ поэзийы дарæнбæстагон публицистон здæхт ирдæй кæй зыны æмæ асинтæй æмдзæвгæвæрдæй кæй фыста, уый тыххæй йæ хонынц «ирон Маяковский».

1956-æм азы рацыдис йæ фыццаг поэтикон чиныг «Фыццаг ныхас». Уый фæстæ фæзындысты «Романтикæ», «Рæстæджы дымгæ», «Къæвдайы кафт», «Фæдисы æртытæ», «Азты æфсарм», «Азæй азмæ», «Удæгасæй удæгасдæр», сабитæн фыст æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ.

Дзуццаты Хадзы-Мурат ныффыста бирæ литературон-критикон æмæ публицистон монографион-иртасæн куыстытæ:

  • «Беджызаты Чермены сфæлдыстад»
  • «Хетæгкаты Къостайы реализмы тыххæй»
  • «Коста Хетагуров»
  • «Знон æмæ абон»
  • «Рæстæг æмæ литературæ»
  • «Бæрндзинад»
  • «Хæст æмæ зæрдæ»
  • «Арвистон»
  • «Биографи».

Дзуццайы-фырт у ирон поэзи æмæ прозæйы тыххæй бирæнымæц зонадон куыстыты автор.

Йæ амæлæты фæстæ рацыдис йæ поэтикон чиныг «Дыууæ дуджы астæу».

Дзуццайы-фырт ирон æвзагмæ ратæлмац кодта бирæ уацмыстæ уырыссаг, белоруссаг, сомихаг, гуырдзиаг æмæ æндæр æвзæгтæй.

Дзуццаты Х.-М. кодта стыр æхсæнадон куыст дæр. Хуссар Ирыстон уæззау уавæры куы уыд, уæд стыхджындæр йæ публицистон сис. Уыд ирон æвзаг æмæ ирон адæмы æнæфæцудгæ сæрхъуызой. Йæ куыст, йе сфæлдыстад, йæ цард æнæхъæнæй дæр здæхт уыд ирондзинадæн лæггад кæнынмæ æмæ Ирыстоны рухс сомбонмæ.

70 азы юбилей[ивын | Бындур ивын]

2005-æм азы майы Цхинвалы сбæрæг кодтой Дзуццаты Хадзы-Мураты райгуырдыл 70 азы сæххæсты юбилей. Юбилеймæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуард, парламенты сæрдар Гасситы Знауыр æмæ бирæ æндæр официалон адæймæгтæ æмæ культурæйы архайджытæ. Изæры амонæг уыд Паддзахадон драмон театры сæйраг режиссёр Дзуццаты Тамерлан.