Перейти к содержанию

Дзуццаты Тамерлан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дзуццаты Тамерлан
Райгуырды датæ 1965-æм азы 31 мартъийы(1965-03-31) (59 азы)
Райгуырæны бынат
Архайды хуыз театралон режиссёр
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Пушкины майдан

Дзуццаты Ефимы фырт Тамерлан (райгуырдис 1965-æм азы 31 мартъийы, Цхинвалы) у Хуссар Ирыстоны культурæйы архайæг, раздæры культурæйы министр, Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг.

1980-æм азы Дзуццаты Тамерлан каст фæци Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола. Уыцы аз бацыдис Цхинвалы музыкалон училищемæ, актёрон факультетмæ, æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци 1983-æм азы.

1983-æм азæй 1984-æм азы онг ахуыр кодта Ленинграды, райста дзы столяры дæсныйад. Уый фæстæ 1984-1986 азты службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты.

Æфсадæй куы раздæхтис, 1986-æм азы кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры.

1990-1992 азты ахуыр кодта Мæскуыйы, Аивады кусджыты квалификаци уæлдæргæнæн институты. 1990-1994 азты амыдта ирон актёры дæсныйад Щепкины номыл Уæлдæр театралон училищейы дыккаг ирон студийы.

1994-æм азы 28 августæй уыдис Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры аивадон разамонæг.

2007-æм азы февралæй 2009-æм азы ноябры онг уыдис Хуссар Ирыстоны культурæйы министр. Министры бынаты йæ баивта Кокойты Мухарбег[1].

2011-æм азы Дзуццаты Тамерлан цыдис Сыктывкармæ æмæ дзы сценæйыл сæвæрдта Лоркайы вазыгджын пьесæ «Тугæйдзаг чындзæхсæв» комиаг æвзагыл[2]. Уыцы куыстæн йæ равзæрстой, фæлтæрд дывзагон режиссёр кæй у, уый тыххæй.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]