Перейти к содержанию

Видин

43°59′07″ с. ш. 22°52′35″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Видин
болг. Видин
Герб
Герб
43°59′07″ с. ш. 22°52′35″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Облæст Видины облæст
Хъæубæстæ Видин
Истори æмæ географи
Фæзуат
  • 63,218 км²
Центры бæрзæнд 34 м
Сахатон таг UTC+2:00, сæрды UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +359 94
Посты индекстæ 3700
Автомобилон код ВН
vidin.bg
Видин (Болгари)
Видин (Видины облæст)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Видин (болг. Видин) у Болгарийы цæгат-ныгуылæны сахар, цæугæдон Дунайы былгæрон, у Видины облæст æмæ хъæубæстæйы административон центр. Цæрынц дзы 57 320 адæймаджы (2008 азы декабры).

Сахары æдде ис быранæйхизæн Румынимæ. Ис хид аразыны пълан дæр (ныртæккæ Румыни æмæ Болгарийы ’хсæн Дунайы сæрты æрмæст иу хид ис — Хæлæрдзинады хид Русейы сахары), арæзтад райдыдта.

Сахар фæзынди куыд ромаг бастион. Уыд Иван Срацимиры Видины паддзахады сæйраг сахар, цалынмæ йæ осмайнаг æфсад нæ баиста, уæдмæ.

Фенддæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Астæузаманы феодалон гæнах «Баба Вида», Болгарийы иунæг хорз уавæры гæнах. Ис дзы музей.
  • Осмайнаг дуджы сахары фидар æд 13 кулдуары.
  • Сыгъдæг Димитры аргъуан — бæстæйы дыккаг бæрзонддæр аргъуан,
  • Осман Пазвантоглуйы мæзджыт.
  • Дыууæ театры æмæ филармони.
  • Музейтæ, аргъуантæ.

Политикон уавæр

[ивын | Бындур ивын]

Видины хъæубæстæйы кмет (сæргълæууæг) у Румен Ангелов Видов, йæ парти у Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ (ГЕРБ), æвзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]