Асатъур

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Асатъур
42°17′42″ с. ш. 44°21′13″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Район Цхинвалы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Асатъур (Хуссар Ирыстон)

Асатъур у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы. Ис Медзыдайы комы.

Хъæу мæгуыр у хуымзæххæй, сæ цард у фылдæр фосдарды куыстæй. Ам зымæг Бихъаргомы æндæр хъæутæм абаргæйæ мит уары фылдæр, фæлæ уалдзæг миты зæйтæ хъæуæн ницы тас æвзарын кæнынц. Хæдзæрттæ арæзт сты æдас бынæтты. Хъæуæн йæ хуссар фарс ахаста æгæндæг тæрс æмæ куыд бæрзонддæр та бæрзы хъæд. Хъæуы цæрджытæ зымæг фылдæр судзынц сæнар, сæрд та судзынц суг. Сæ кадавар зæххы гæппæлты садзынц картоф, уырыдзы æмæ къабуска. Хор амал кæнынц быдырбæстæй.[1]

Этимологи[ивын | Бындур ивын]

Иу версимæ гæсгæ Асатъуры хъæуы топоним у ирон дзырдтæй арæзт. Ам фыццаг æрцæрджытæ уыдысты Хуыбылты Аса æмæ Тури, æмæ сæ хъæу рахуыдтой сæхи сæрмагонд нæмттæй.[1]

Топонимтæ[ивын | Бындур ивын]

Асатъуры хъæуы ис ахæм микротопонимтæ: Тæрсджын, Къуылдым бæрзæфцæг, Рæбыны хуым, Бæхахсæн ком, Ривæддон, Уæлвæз æмæ æндæртæ.[1]

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Хуыбылтæ, Дудайтæ.[2] Дудайтæ балыгъдысты Мериайæ, Хуыбылтæ та – Ардисæй.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 Дудайты Г.Д. Бихъаргом. – Цхинвал: Республика, 2012 – 76 с.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 261 ф.