Ахалиса

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Ахалиса
42°15′42″ с. ш. 44°15′37″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Район Цхинвалы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Ахалиса (Хуссар Ирыстон)

Ахалиса у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы. Ис Бендерæй Уилдайы хъæуы ’хсæн, цæгат фарс бæрзонд ран.

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Куысуртæ (Кысуртæ)[1], Нанитæ, Сиукъатæ, Цоцитæ, Дудайтæ.[2]

Нанитæ æрыфтыдысты Уæлладжыры комы Тибæй Къуыдаргоммæ. Ам Нанийы мыггаг сбирæ сты æмæ зæхх агурæг æрбафтыдысты Ахалисамæ. Цоцитæ æрбафтыдысты Ортъеуæй. Кысуртæ — Ломисæй. Фыдæлтæй зонынц сæ фыдæлты рагон цæрæнуæттæ. XV-æм æнусы ам фыццаг æрцæрджытæ уыдысты Кысуртæ. Стæй сæм æрбафтыдысты Цоцитæ Ортъеуæй, Нанитæ — Къуыдаргомы Начърепайæ.

Кысуртæ Ломисгомæй кæй æрбафтыдысты, уымæн æвдисæн хъæуы микротопонимтæ: Ломисы дзуар, Ломисы къуылдым. Кысуртæ кувынц Ломисы дзуарæн, Нанитæ — Рекомы дзуарæн, Цоцитæ та — Ломисы дзуарæн.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Дудайты Г.Д. Бихъаргом. – Цхинвал: Республика, 2012 – 76 с.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 261 ф.