Къабуска
Къабуска | ||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||||
|
||||||||||||||
Латинаг ном | ||||||||||||||
Brassica oleracea L., 1753 | ||||||||||||||
|
Къабуска (лат. Brassica oleracea) — къабускайы мыггагмæ чи хауы, ахæм дыууæазон зайæгой.
Уæрæсейы дзы зайы цалдæр дæлхуызы, уыдонимæ: кольраби, пекинаг сыфджын, хуызджын, савойаг, брюсселаг, брокколи, сырх æмæ урс къабуска. Сæ арæзтмæ, сæ адмæ гæсгæ дæр уыдон сты фæйнæхуызон. Зæхкусæджы цæхæрадоны дзы хуыздæр æмæ арæхдæр зайы урс къабуска. Адæймагæн æвæджиауы пайда дæтты йæ органикон туагадтæй. Хъæздыг у минералон элементтæй дæр, ис дзы калий, фосфор, йод, марган, æрхуы, æфсæйнаг æмæ бирæ фитонцидтæ — микробтæ куынæггæнæг буаргъæдтæ.
Дзæбæхгæнæг дохтырты цæстæй кæсгæйæ, къабуска нымад у диетикон продуктыл, æнæмæнгхъæугæ витаминты æрдзон къæбицыл. Ног карст къабускайы лæмæрст донæй дзæбæх кæнынц ахсæны хæлмаг, игæры низтæ, авитаминоз, донниз, подагрæ, сæкæрниз. Къабускайы донæй, кæнæ та йæ фых сыфтæй зилынц цармы алыхуызон хæлмæгтæм æмæ хъæдгæмттæм, уæлæнгай сыгъдтытæм. Радикулитæй, подагрæйæ, сыгъдтытæй, буар кæм фæриссы, уыцы ран къабускайы сыф æнгом бастæй куы сæвæрай, уæд цыбыр рæстæгмæ рыст фесæфы.
Кæнынц дзы салаттæ, цæхджынтæ, маринадтæ, хъæбынтæ; æрæвæрынц æй кæсаг æмæ дзидзаимæ, гарнирæн. Ирон æфсинты конд къабускаджынтæ та, æвæццæгæн, æмæ хорз сфидауиккой кæцыфæнды паддзахы фынгыл дæр.