Æлборты Феликс
Æлборты Феликс | |
---|---|
Иумæйаг информаци | |
Райгуырды датæ | 1935-æм азы 8 сентябры кæнæ 1935[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2005-æм азы 28 июны кæнæ 2005[1] |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ |
Советон Цæдис Уæрæсе |
Професситæ | композитор |
Инструменттæ | фортепиано[d] |
Жанртæ | кантатæ[d], оперæ æмæ зарæг[d] |
Хорзæхтæ |
Æлборты Шалвæйы фырт Феликс (1935-æм азы 8 сентябры, Цхинвал — 2005-æм азы 28 июны) уыдис зындгонд ирон композитор.
1956-æм азы каст фæци Тбилисы музыкалон скъола, 1963-æм азы та — Тбилисы консерватори æмæ райста композиторы дæсныйад. 1961-æм азы сси Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы сæргълæууæг æмæ сæйраг дирижёр. 1963 азы йæ хъуыдымæ гæсгæ Цхинвалы арæзт æрцыд музыкалон училищæ (абон хæссы йæ ном) æмæ сси йæ сæргълæууæг. 1979-æм азæй фæстæмæ куыста ма Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты.
1990-æм азы Феликс сси Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты сæйраг архайæг. 1998-æм азæй фæстæмæ та — Цæгат Ирыстоны Паддзахадон ансамбль «Алан»-ы музыкалон разамонæг.
Композитор, ахуыргонд æмæ æхсæнадон кусæг, Уæрæсейы композиторты цæдисы уæнг, Цæгат Ирыстон, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ССР-ы аивады сгуыхт архайæг, лæвæрд ын æрцыд Г. Свиридовы номыл майдан — Æлборты Феликс ма уыимæ куыста адæмон аивады фарстатыл.
Бирæ азты дæргъы концерттæ лæвæрдта куыд дирижёр, пианист, органист. Йе стыр курдиат æмæ йæ уæздандзинад æй скодтой адæмæн уарзон. Уæлдай зынгонд æмæ зæрдæмæдзæугæ сты йæ уацмыстæ кинонывтæ «Ах, любовь», «Во всём виновата Залина»-йы, оперæ «Фатимæ», бакуыста «Мæхæмæты зарæг»-ыл, бирæ зарджытæ æмæ цæгъдтытæ æрæмысыд ирон фæндырæн. Уымæй уæлдай ма ныффыста Хуссар Ирыстоны гимн. Стыр куыст бакодта ирон адæмы музыкалон аивады фарстатыл, йæ бындурыл рацыд чиныг «Музыкальная культура осетин».
Феликс бирæ скодта Ирыстоны музыкалон аивыды райрæзтæн. Йæ цард снывонд кодта йæ уарзон Ир æмæ йæ уарзон сфæлдыстадæн. 2005-æм азы уæззау низ æмæ æвирхъау мæлæт ын аскъуыдтой йæ цард, фæлæ йæ аивад æмæ йæ ном рох нæ уыдзысты.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Library of Congress Authorities (англ.) — Library of Congress.
- 8 сентябры чи райгуырдис, уыдон
- 1935-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Цхинвалы чи райгуырдис, уыдон
- 28 июны чи амардис, уыдон
- 2005-æм азы чи амардис, уыдон
- Дзæуджыхъæуы чи амардис, уыдон
- Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреаттæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Музыканттæ алфавитмæ гæсгæ
- Композитортæ алфавитмæ гæсгæ
- Дирижёртæ алфавитмæ гæсгæ
- Пианисттæ алфавитмæ гæсгæ
- РЦИ — Аланийы аивæдты сгуыхт архайджытæ
- Æлбортæ