Саукъодахджын

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Саукъодахджын
42°15′12″ с. ш. 44°15′10″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Район Цхинвалы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Саукъодахджын (Хуссар Ирыстон)

Саукъодахджын у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы. Саукъодахджыны хъæу ис Æрдзынарæджы сæрмæ.

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Дудайтæ.[1] Æрбалыгъдысты Мериайæ, зæхх цух кæй уыдысты, уый тыххæй. Тар хъæд басыгътой, скалдтой йын йæ сыгъд cay къодæхтæ, сарæзтой дардыл уæрæх хуымзæххытæ. Мериайы чысыл хуымтæ та сын фос хизæн сæрвæттæн баззадысты. Сау къодæхты номæй хъæу рахуыдтой Саукъодахджын.

Кувынц æмæ табу кæнынц сыгъдæг зæд Усанетæн. Йæ боны фæкæнынц стыр куывдтæ, æрхонынц Бендер æмæ Æрдзынарæджы цæрджыты.[2]

Топонимтæ[ивын | Бындур ивын]

Саукъодахджыны ис ахæм микротопонимтæ: Худисæн, Цъыфдзаст Суадон, Мады Майрæмы фæндаг, Бирæгъзæнг, Хуырджын фæндаг, Дзуары хъæд æмæ æндæртæ.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 261 ф.
  2. 2,0 2,1 Дудайты Г.Д. Бихъаргом. – Цхинвал: Республика, 2012 – 76 с.