Махис

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Махис
42°12′34″ с. ш. 44°14′05″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Район Цхинвалы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 75[1] адæймаджы (2015)
Махис (Хуссар Ирыстон)

Махис (гуырдз. მახისი) у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы.

Бихъарæн Медзыдайы доны ныгуылæн фарс æрбынат кодтой: Астæуккаг Махис, Дæллаг Махис æмæ Уæллаг Махис. Астæуккаг Махисы ис ахæм сыхтæ: Дудайты (хонынц æй Джиуиты сых дæр), Бебеты æмæ Хуыбылты сых; Уæллаг Махисы — Хосроты æмæ Годжиты сых; Дæллаг Махисы — Туаты сых.[2]

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Дудайтæ, Туатæ, Хуыбылтæ, Хуритæ.[3]

Топонимтæ[ивын | Бындур ивын]

Астæуккаг æмæ Дæллаг Махисы хицæн кæны чысыл цæугæ дон, хонынц æй Куырæйтты ком. Астæуккаг æмæ Уæллаг Махисы ис ахæм микротопонимтæ: Къæрайы хуым, Скъæтты раз, Димойы суадон, Цæгаты хуымтæ, Куырæйтты ком, Санойы дыргъдон, Цады фæз, Иунæг Цъериуат, Фæлдыст суадон, хонынц ма йæ Сабейы суадон дæр, Сæрибары фæз, Галдарæн ривæддон, Къахыры хуым, Тæрсджын къуылдым, Елхъаны дон, Кæсагджыны цъала, Куыдзæппарæн адаг, Дидгуладжын, Саргъау, æмæ æндæртæ. Советон дуджы фæзынд Комсомолты хуым дæр.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 2015-æм азы Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
  2. 2,0 2,1 Дудайты Г.Д. Бихъаргом. – Цхинвал: Республика, 2012 – 76 с.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 260 ф.