Зар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Зар
42°17′05″ с. ш. 43°52′32″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Район Цхинвалы район
Истори æмæ географи
Центры бæрзæнд 1240 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 178[1] адæймаджы (2015)
Автомобилон код RSO
Зар (Хуссар Ирыстон)

Зар (гуырдз. ძარი — [дзари]) у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы. Æрбынат кодта Цхинвалæй цæгат-ныгуылæнырдыгæй 8 километры æддæдæр æмæ баст у сахаримæ автофæндаджы фæрцы. Хъæу дихгонд у фæндагæй дæууæ хайыл. Хæстæгдæр хъæутæ сты: ныгуылæнырдыгæй — Рустау, хуссарырдыгæй — Додот, хуссар-скæсæнырдыгæй — Дампъалет.

1992-æм азы 20 майы æрцыдис, историйы Зары трагедийæ чи баззад, уыцы трагикон цау — гуырдзиаг фыдгæнджытæ фехстой, Зары фæндагыл автобусыл чи цыди, уыцы ирон лигъдæтты. Фæмардысты 36 адæймаджы, уыдонимæ сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ ацæргæ адæм.

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Бикойтæ, Цыбыртæ, Цыхуырбатæ, Харебатæ, Уанетæ, Хъоцытæ, Тедетæ, Хъуылымбегтæ, Гæззатæ, Чилæхсатæ, Къæбыстæ, Дзабитæ, Абайтæ, Тъехтæ.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 2015-æм азы Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Топографион картæ[ивын | Бындур ивын]

  • Картæйы сыф K-38-64 Цхинвал. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1987-æм азы. Рауагъд 1989-æм азы.