Перейти к содержанию

Хазары каганад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Историон паддзахад
Хазары каганад
650 — 969

Сæйраг сахар Семендер, Итил
Æвзаг хазайраг æвзаг
Официалон æвзаг хазайраг æвзаг[d]
Дин муртатдзинад[d], иудаизм, пысылмон дин æмæ чырыстон дин
Алгонд
← Тюркты Ныгуылæн каганад
Кыпчакты быдыр →
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Хазары (Хъазары[1]) каганад (650969) ― у хазайраг цæугæцардгæнджытæ кæй бындур æрæвæрдтой, уыцы астæузаманон паддзахад.

Хазары истори

[ивын | Бындур ивын]

Хазары каганады бынатæвæрды тыххæй

[ивын | Бындур ивын]

Каганад контроль кодта Разкавказ, Дæллаг æмæ Астæуккаг Поволжье, нырыккон Цæгат-Ныгуылæн Хъазахстан, Скæсæн Европæйы хъæдбыдыртæ æмæ æндæр рæттæ.

Хазары каганады артдзæст æрбынат кодта нырыккон Дагъистаны былгæроны (Семендер), фæстæдæр та йæ бынат аивта нырыккон Астарханы цур чи уыди, уыцы сахар Итилмæ. Хазайрæгты дыууæ сæйраг сахарæн сæ бынæттæ нырмæ дæр бæрæг не сты.

Каганады паддзахадон дин æмæ хицауады тыххæй

[ивын | Бындур ивын]

Каганады истори йæхимæ здахы ахуыргæндты æргом йæ уникалондзинады фæрцы: каганад у, иудейаг дин паддзахадон кæм уыди, ахæм иунæг æнæдзуттаг паддзахад æнæхъæн историйы дæргъы. Каганады хицауиуæггæнæг элитæйы хай (бектæ ― Буланидтæ) суанг X æнусмæ — Каганады хæдбарады сæфты онг кодтой иудейаг дин. Хуымæтæг адæмы æхсæн иудаизм арф нæ ныффидар.

Цымыдисаг фактæй зыны Каганады политикон сконд: динон хицауад уыди каганты (рагон хазайраг мыггаг Ашинты байзæддæгты) къухты, фæлæ æцæг хицауиуæг кодтой бектæ. Йæ хæдбар историйы дæргъы Каганад хицауиуæг уыди бектæ-Буланидтæй, кагантæ та æрвыстой сæ тюркаг муртаккаг дин æмæ сæ паддзахады сын æгъдау лæвæрдтой цыма æрдæг-Хуыцауттæн. Уæдыккон азфысджытæ, дунеон динты минæвæрттæй уæвгæйæ, арæх-иу фиппайдтой æмæ Каганады мидæг алыхуызон конфесситы минæвæрттæ цардысты æнæ кæрæдзиимæ знагдзинадæй. Хазары каганад у дзуттаг æхсæнад кæм равзæрдис æмæ ныффидар, ахæм рæттæй иу. Уый минæвæрттæ Каганады сæфты фæстæ алыгъдысты Европæмæ æмæ бацыдысты ашкеназиты кондмæ.

Каганады хæдзарад æмæ политикæйы тыххæй

[ивын | Бындур ивын]

Астæузаманон араббаг-персайнаг, славяйнаг, бердзейнаг, гуырдзиаг, сомихаг æмæ латинаг æвзагыл цы фыстæуыди, уыцы азфыстыты Каганад бæрæг æвдыст цæуы куыд Скæсæйнаг Европæйы паддзахад-гегемон. Каганады æддагон политикæйы бындур уыди сыхаг бæстæты байст: хазар кодтой стæрон бабырстæ Фæскавказ, Цæгат Кавказ, скæсæн-славяйнаг знæмты цæдисты зæххытæм æмæ алыхуызон цæугæцардгæнæг адæмыхæттытæм. Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы тох кодтой арабимæ. Фæстæдæр Каганады æддагон политикæ арæзт цыди æхсæнадæмон базарады руаджы: Каганад æрбынат кодта сæйраг базарадон фæндæгты цур. Хазар джиппыуагътой сæхи æвзист æхца, фæлæ ацы фарста нырма у иртасинаг.

Каганады сæфты тыххæй

[ивын | Бындур ивын]

Каганад куыд сæрибар паддзахад фесæфт 966-æм (æндæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ — 969-æм) азы уырыссаг кънйаз Святославы балæбурды охыл. Уый фæстæ Хазары каганад цалдæр дæсазы дæргъы уыди дæлбар, стæй куыд политикон уæвæг ахицæн ис.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.