Терчы облæст
Терчы облæст (уырыс. Терская область) уыд Терчы дон-дон административон иуæг Уæрæсейы империйы сконды. Фæзынди 1860-æм азы император Александр II-ы барамындмæ гæсгæ. Облæсты ахсджиагдæр сахар æмæ административон центр уыд Дзæуджыхъæу (уырыс. Владикавказ).
1920-æм азы мартъийы Терчы облæст ныддихтæ кодтой æмæ йæ бындурыл сарæзтой Хæххон АССР æмæ Терчы губернæ. Хæххон АССР-ы скондмæ бацыдысты Кæсæг-Балхъар, Мæхъхъæл, Цæгат Ирыстон æмæ Цæцæн. Уыцы республикæ дæр ликвидацигонд æрцыдис 1924-æм азы 7 ноябры.
Уæлдæр амынд республикæты йеддæмæ Терчы облæсты сконды уыдысты ныры Стъараполы крайы æмæ Дагъистаны иуæй-иу хæйттæ.
Облæсты сæргъы чи лæууыдысты, уыдон, облæсты статусмæ гæсгæ, уыдысты æмрæстæджы Терчы хъазахъхъаг æфсады атамантæ. Дæлæ номхыгъд:
- инæлар-майор Христофор Попандопулло (1861—1865)
- инæлар-лейтенант Михаил Лорис-Меликов (1865—1875)
- инæлар-лейтенант Александр Свистунов (1875—1883)
- инæлар-майор Евгений Юрковский (1883—1887)
- инæлар-лейтенант Алексей Смекалов (1887—1889)
- инæлар-лейтенант Семён Каханов (1889—1900)
- инæлар-лейтенант Толстов Сергей (1900—1905)
- инæлар-лейтенант Алексей Колюбакин (1905—1908)
- инæлар-лейтенант Александр Михеев (1908—1917)