Перейти к содержанию

Сливены облæст

42°41′07″ с. ш. 26°19′26″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Облæст
Сливены облæст
болг. Област Сливен
42°41′07″ с. ш. 26°19′26″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Админ. центр Сливен
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1999-æм азы 8 январы
Фæзуат
  • 3544,066 км²
Сахатон таг EET (UTC+2, сæрды UTC+3)
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 BG-20
Автомобилон код СН

Официалон сайт
Сливены облæст картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сливены облæст (болг. Област Сливен) у Болгарийы Хуссар-Скæсæйнаг регионы облæст. Йæ административон центр у сахар Сливен (95,4 мин ад.).

Географи

[ивын | Бындур ивын]

Облæст лæууы хæхтæ Стара-Планинæйы хуссарырдæм. Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3544,066 км², ома æппæт Болгарийы территорийы 3,19 %. Уыцы зæххæй хъæууон хæдзарады зæххытæ сты 52 %, цæрæнуæтты зæххытæ — 3,5 %, хæххон районтæ — 40 %.

Облæст æмарæн у:

Дæрддзæгтæ:

  • Болгарийы сæйраг сахар Софиямæ — 288 км;
  • Болгарийы стырдæр порт Бургасмæ — 108 км;
  • Болгарийы дыккаг стырдæр порт Варнæмæ — 195 км.

Бургасы æхсæнадæмон аэропорт у Сливены облæстмæ хæстæгдæр, æмæ йæ цæрджытæ уымæй пайда кæнынц.

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Облæсты цæрынц 218 474 адæймаджы[2]. Сахар Сливены йеддæмæ, облæсты ма ис æндæр фондз сахары — Нова-Загорæ, Кермен, Шивачево, Котел æмæ Твырдицæ. Уыимæ ма Сливены облæсты территорийыл ис 113 хъæуы[2].

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у цыппар хъæубæстæйыл: Котел (21 195 цæрæджы), Нова-Загорæ (43 141 цæрæджы), Сливен (130 226 цæрæджы) æмæ Твырдицæ (14 607 цæрæджы). Цæрджыты æнгомад у 59 ад./км² (2006).

2004-2009 азты облæсты сæргълæууæгæй куыста Христинæ Чолакова, 2009-æм азы августæй облæсты сæргълæууæг у Марин Каврыков.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]