14 апрелы
Внешний вид
14 апрелы, иронау — хуымгæнæны мæйы 14-æм бон — азы 104-æм бон (даргъ азы 105-æм бон).
Бæрæгбæттæ æмæ сæрмагонд бонтæ
[ивын | Бындур ивын]- Бангладеш, бенгайлаг Ног аз.
- Анголæ, Фæсивæды бон.
- Бирмæ, Доны фестиваль.
- Сальвадор, Гаити, Гондурас, Венесуэлæ, Æппæтамерикаг бон.
Цаутæ
[ивын | Бындур ивын]Ацы бон райгуырдысты
[ивын | Бындур ивын]- 1527 — Абрахам Ортелиус (Abraham Ortelius) (ам. 1598), фламандиаг картограф, фыццаг географион атласы мыхуырæйуадзæг.
- 1629 — Христиан Гюйгенс (Christiaan Huygens) (ам. 1695), голландиаг математик, физик, механик æмæ астроном.
- 1695 — Пьетро Гварнери (Pietro Guarneri) (ам. 1762), италиаг скърипкæты мастер.
- 1744 (кæнæ 1745) — Денис Фонвизин (ам. 1792), зындгонд фыссæг, уырыссаг æвзагыл комедион жанры бындурæвæрæг («Недоросль», «Бригадир»).
- 1754 — Николай Румянцев (ам. 1826), граф, 1807 азæй 1814 азмæ Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр. Йæ библиотекæйы бындурыл фæзынд Ленины номыл библиотекæ Мæскуыйы.
- 1831 — Герхард Рольфс (Gerhard Rohlfs) (ам. 1896), Африкæйы немыцаг иртасæг.
- 1849 — Сергей Мосин (ам. 1902), æхсæг хæцæнгæрзты конструктор.
- 1939 — Эльжбета Чижевска (Elźbieta Czyżewska), польшæйаг киноактрисæ.
- 1942 — Валентин Лебедев, советон космонавт.
Ацы бон амардысты
[ивын | Бындур ивын]- 1910 — Михаил Врубель, уырыссаг нывгæнæг.
- 1917 — Людовик Лазарь Заменгоф, æвзаг эсперантойы бындуртæ чи æрымысыд, уыцы лæг.
- 1924 — Луис Салливан (Louis Henri Sullivan) (р. 1856), америкаг архитектор, фыццаг арвысхъауджыты аразæг.
- 1930 — Владимир Маяковский (р. 1893), уырыссаг советон поэт.