Арвысхъауæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Арвысхъауджытæ Дубайы

Арвысхъауæг у тынг бæрзонд хæдзар. Фыццаг арвысхъауджытæ уыдысты 10—12 уæладзыджы бæрзонд (Хоум Иншуренс Билдинг — The Home Insurance BuildingЧикагойы). Фæлæ фæстæдæр уыдон систы тынг бæрзонд — ныртæккæ 150 метрæй ныллæгдæр чи сты, уыцы хæдзæртты арвысхъауджытæ нæ хонынц.

Цалдæр арвысхъауæджы лæууынц Уæрæсейы сæйраг сахары дæр, уыдонæй иу — Европæйы бæрзонддæр (268 метры, 61 уæладзыджы).

Мегаполисты зæххы аргъ у егъау, уый тыххæй арвысхъауджыты арæзтад у æфтиагджын.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Commons
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Skyscraper