Эсперанто
Эсперанто (Esperanto) у пълангонд æвзаг.
Эсперанто равзæрдис XIX æнусы, æрымысыдис йæ Варшавæйы цæрæг цæстыты дохтыр Людвик Заменгоф. Пайда дзы кæнынц куыд нациты ’хсæн æвзагæй. Эсперанто тынг æнцон у ахуыр кæнынæн, уый тыххæй æмæ национ æвзæгтæй хъауджыдæр у адæймагæй конд æвзаг. Хуымæтæг адæймаджы эсперантойыл сдзурынæн 3-6 мæйæ фылдæр нæ бахъæудзæн.
Эсперанто рапарахат иc фыццаг чиныгæй, кæцы мыхуырæй рацыдис уырыссагау 1887-æм азы. Нæ рæстæджы эсперантойыл дзурынц 120 бæстæйы цалдæр милуан адæймаджы.
Кæмæн ахсджиаг у эсперанто базонын:
- бæлцæттæн, кæцытæ дард бæстæтæм цæугæйæ бынæттон æзвзæгтыл дзурынхъом не ’сты;
- эсперанто-фысымты хызæй (Pasporta Servo) пайда чи кæны, уыцы бæлцæттæн;
- алыхуызон цымыдисаг митыл чи архайы, аххæм адæмæн (радиоуарзджытæ, филателисттæ æмæ иннæтæ);
- фæсарæйнаг специалисттимæ профессионалон бастдзинæдтæ кæй хъæуынц, уыдонæн;
- интернационалон форумты (интернеты дæр) бацархайын кæй фæнды, уыдонæн.
Эсперанто у нейтралон æмæ æндæр æвзæгты бартæ нæ халы. Кæйдæр национ æвзаг зын у ахуыр кæнынæн, эсперанто та нæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дунейы адæмтæн эсперантойы раз æмхуызон уавæртæ ис.
Фыссынад[ивын | Бындур ивын]
Эсперанто пайда кæны, 28 дамгъæйы кæй мидæг и, ахæм алфавитæй:
Алы дамгъæ каст у, Æхсæнадæмон фонетикон алфавит куыд амоны, мæнæ ацы дамгъæты йеддæмæ:
Фыссынц | c | ĉ | ĝ | ĥ | ĵ | ŝ | ŭ |
---|---|---|---|---|---|---|---|
Кæсынц | [ts] | [tʃ] | [dʒ] | [x] | [ʒ] | [ʃ] | [u̯] |
Цалдæр фразæйы эсперантойыл[ивын | Бындур ивын]
Ирон æвзаг | Эсперанто | IPA |
---|---|---|
Салам | Saluton | [sa.ˈlu.ton] |
О | Jes | [ˈjes] |
Нæ | Ne | [ˈne] |
(Дæ/Уæ) райсом хорз | Bonan matenon | [ˈbo.nan ma.ˈte.non] |
(Дæ/Уæ) изæр хорз | Bonan vesperon | [ˈbo.nan ves.ˈpe.ron] |
Фенынмæ | Ĝis revido | [dʒis re.ˈvi.do] |
Дæ ном цы хуыйны? | Kiel vi nomiĝas? | [ˈki.el vi no.ˈmi.dʒas] |
Мæ ном у ... | Mi nomiĝas ... | [mi no.ˈmi.dʒas] |
Куыд у? | Kiel vi fartas? | [ˈki.el vi ˈfar.tas] |
Эсперантойыл дзурыс? | Ĉu vi parolas Esperanton? | [ˈtʃu vi pa.ˈro.las es.pe.ˈran.ton] |
Не ’мбарын дæ | Mi ne komprenas vin | [mi ˈne kom.ˈpre.nas vin] |
Хорз | Bone | [ˈbo.ne] |
Æцæг | Ĝuste | [ˈdʒus.te] |
Бузныг | Dankon | [ˈdan.kon] |
Дæ хорзæхæй | Bonvolu | [bon.ˈvo.lu] |
Æнæниз у! | Sanon! | [ˈsa.non] |
Æз уарзын дæу | Mi amas vin | [mi ˈa.mas vin] |
Ай цы у? | Kio estas tio? | [ˈki.o ˈes.tas ˈti.o] |
Уый куыдз у. | Tio estas hundo | [ˈti.o ˈes.tas ˈhun.do] |
Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]
- Эсперантойы тыххæй хабæрттæ уырыссагау (+ активон форум)
- Эсперантойыл ахсджиаг сайттæ
- Lernu.net: эсперантойы ахуыргæнæн сайт
- Ахуыргæнæн посты группæйы сайт