Шапсугаг адæм
Шапсугæгтæ | |
---|---|
Хином | Адыгэ |
Ахæлиу æмæ нымæц | |
Æдæппæт: 3 900 | |
Иумæйаг информаци | |
Æвзаг | шапсугаг |
Дин | пысылмон дин |
Этникон дæлкъордтæ |
Шапсугаг адæм (хином: адыгэ, шапсыгъ) — адыгъеты дæлэтнос, ивгъуыды уыдысты кæсгон знæмтæй сæ тæккæ егъаудæртæй. Цæрынц Адыгейы, Краснодары крайы (Туапсе æмæ Сочийы районты). Дзурынц адыгаг æвзаджы шапсугаг диалектыл.
Этнологи
[ивын | Бындур ивын]Шапсугæгты этникон ном сæвзæрд æртæ тæккæ рагондæр мыггагæй, уыдон цардысты Шапсхо-цæугæдоны комы. Фыццаг хатт ацы номæй шапсугæгты схуыдтой XVIII-æм æнусы 20-æм æзты туркаг азфыстыты, уыдон афысстой адыгъейы тох Хъырымы ханты ныхмæ. 1724-æм азы ныддæрæн кодтой ныхилæг хъырымы тæтæры, хан Девлет-Гирейы та уацары райстой. 1743-æм азы уæрæсейаг документты ис бакæсæн шапсе-адæмы тыххæй, уыдон, дам, сыхаг кæнынц абазаг адæмтимæ æмæ сты «сæрмагонд æвзаг æмæ сæрмагонд бархъомысы хицæуттæ»
Иумæйаг бæрæггæнæнтæ
[ивын | Бындур ивын]Шапсугæгтæ цæрынц Уæрæсейы Федерацийы, стæй сæ диаспорæтæ уæрæхгонд сты æнæуый адыгъаг адæмты диаспорæтæ бирæнымæцджын кæм сты, уыцы Турчы, Самы, Иорданийы, Израилы æмæ а.д. Уæрæсейы фылдæр цæрынц историон Шапсугийы территорийыл; Сочи, Туапсейы район, Адыгей. Бирæтæ адæмафысты рæстæг сæхи черкес кæнæ адыгейæгтæй бацамонынц. Советон бархъомысы рæстæг шапсугæгтæ нымад нæ цыдысты, æмæ фæрссаг æвдисæнтæм гæсгæ 1926-æм азы сæ нымæц уыд 4 мины бæрц. Уæрæсейы 2002-æм азы адæмы сфыстмæ гæсгæ бæстæйы цард 3,2 мин шапсугаджы. 2010-æм азы та 3,9 мины. Уыимæ зæгъын хъæуы æмæ шапсугæгты нымæц фылдæр кæй у, Адыгейæйы цæрæг шапсугæгты фылдæр «адыгейæгтæй» бацамонынц. Сауденджызбылгæрон шапсугæгтæ та черкес кæнæ адыгейæгтæй амынд цæуынц. Шапсугæгтæ дзурынц адыгейаг æвзаджы шапсугаг диалектыл, æмæ хауынц абхаз-адыгаг æвзагты мыггагмæ.
Уæрæсейы закъонтæм гæсгæ официалонæй нымад сты чысыл адæмыхаттыл[1].
Адыгъейы нымæц сауденджызон цæрæнрæтты Уæрæсейы 2010-æм адæмы афыстмæ гæсгæ:
- сахар Сочи: 4 778 ад
- Лазаревы район: 4 014 ад.
- Лазаревы районы дæлбар хъæууон зылдтæ
- Кировы хъæууон зылд
- хъæу Тхагапш: 131 ад.
- Кичмайы хъæууон зылд
- хъæу Стыр Кичмай: 597 ад.
- хъæу Чысыл Кичмай: 185 ад.
- Лыготхы хъæууон зылд
- Кировы хъæууон зылд
- Туапсейы район: 4 183 ад.
- сахар Туапсе: 804 ад.
- Новомихайловы хъæууон æрцæрæн: 843 ад.
- пгт Новомихайловаг: 434 ад.
- хъæу Псебе: 368 ад.
- Вельяминовы хъæууон æрцæрæн
- хъæу Цыпкæ: 166 ад.
- Георгиеваг хъæууон æрцæрæн: 544 ад.
- хъæу Стыр Псеушхо: 111 ад.
- хъæу Чысыл Псеушхо: 223 ад.
- Георгиевское хъæу: 145 ад.
- Небуджы хъæууон æрцæрæн: 1 725 ад.
- хъæу Агуй-Шапсуг: 1 501 ад.
- хъæу Небуг: 101 ад.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Адыгъаг адæмы, уыдонимæ та шапсугты рагзаманы тыххæй нын дзурынц Майкъопы æмæ Меоты культурæты археологион ссарæггæгтæ.
Шапсугтæ адыгъаг адæмы егъаудæр къорд уыдысты æрмæст Сау Денджызы былгæройнон районы нæ, фæлæ æнæхъæн знæмты тыгуыры дæр егъаудæрты æмсæр нымад уыдысты. Хыцтой цалдæр сæдæ мины шапсугаджы, цардысты цæугæдæттæ Джубгæ æмæ Шахейы астæуты; ацы район хуындис Чысыл Шапсуг. Стыр Кавказы рагъы цæгатах фæхсты уæлхох хъæдæмбæрст, цæугæдæттимæ Антхир, Абин, Афипс, Вулан æмæ Шебш, хуындис Стыр Шапсуг.
Нырыккон иртæстытæ сбæрæг кодтой (Максидов Анатолй Ахмеды фырт, Чирг А.Ю.) рагон Шапсуги æнтыстджынæй кæй базар кодта Чысыл Азиимæ, уæлдайдæр Анатолиимæ[2][3].
Хъуыстгонд шапсугæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- Тугужуко Кызбэч — Кавказы хæсты адыгъæгты хъуыстгонд сæргълæууæг.
- Ачмизов, Ахмæды фырт Айдамир — Советон Цæдисы Хъайтар (31.03.1943)
- Совмен Меджиды фырт Хазмæт — Адыгейæйæ республикæйы президент (2002—2007)
- Коблев Якуб Камболеты фырт — Советон Цæдисы сгуыхт тренер
- Шхалахов Валентин Ибрагимы фырт — Советон Цæдисы сгуыхт тренер дзюдойæ
- Напсо Кушук Заиды фырт — Уæрæсейы сгуыхт амайæг
- Чуц Абубачир Батербийы фырт — Советон Цæдисы Хъайтарерой Советского Союза (1912 — 27.03.1944)
- Тхагушев Исмаил Халалы фырт — Советон Цæдисы Хъайтар (17.03.1920-15.11.1943)
- Бибрас Натхо — Израилы иугонд командæйы футболист
- Этхем-черкес — осмайнаг æмæ туркаг хæстон балхон.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Единый перечень коренных малочисленных народов Российской Федерации (утв. постановлением Правительства РФ от 24 марта 2000 г. N 255)
- ↑ Максидов, Анатолий Ахмедович. Исторические и генеалогические связи адыгов с народами Причерноморья
- ↑ Гесихий Александрийский. Лексикон // ВДИ. 1948. — № 4. — С. 269
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Адыгская (Черкесская) энциклопедия. Москва, 2006
- Шапсуги // . — М.: Дизайн. Информация. Картография, 2010. — С. 320. — ISBN 978-5-287-00718-8.