Кæсгон-черкесаг æвзаг
Кæсгон-черкесаг æвзаг | |
---|---|
Хином | Къэбэрдей-черкесыбзэ, адыгэбзэ |
Бæстæтæ | Уæрæсе |
Официалон статус | Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкес |
Дзурджыты нымæц | 587 547 |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Фыссынад | кириллон алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | — |
ISO 639-2 | kbd |
ISO 639-3 | kbd |
ГОСТ 7.75–97 | каа 250 |
WALS | kab |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 1065 |
Ethnologue | kbd |
IETF | kbd |
Glottolog | kaba1278 |
Википеди ацы æвзагыл |
Кæсгон æвзаг кæнæ кæсгон-черкесаг æвзаг у кæсгон æмæ черкесаг адæмты мадæлон æвзаг.
Иумæйаг зонæнтæ
[ивын | Бындур ивын]Кæсæг-Балхъары æмæ Хъæрæсе-Черкесы республикæты у сæ официалон æвзæгтæй иу. Ацы æвзагыл ма дзурынц Краснодары крайы, Адыгейы, Турчы, стæй Хæстæг Скæсæны цалдæр бæстæйы.
Æвзаджы ис 48 æмхъæлæсон фонемæйы, уыдонæй 23 — фрикативонтæ.
Иуæй-иу лингвистты хъуыдымæ гæсгæ кæсгон-черкесаг æмæ адыгъейаг æвзæгтæ сты иумæйаг адыгаг æвзаджы дыууæ диалекты. Адыге, кæсæг æмæ черкес сæхæдæг се ’взаг хонынц адыгэбзэ, ома «адыгаг æвзаг».
1924-æм азы агъоммæ фыссынад уыди араббаг алфавиты бындурыл (кæд уымæй бирæ адæм пайда нæ кодтой, уæддæр), 1924—1936 азты пайда кодтой латинаг дамгъæтæй. 1936-æм азы та латинаг алфавит раивтой кириллонæй.
Абетæ
[ивын | Бындур ивын]А а | Э э | Б б | В в | Г г | Гу гу | Гъ гъ | Гъу гъу |
Д д | Дж дж | Дз дз | Е е | Ё ё | Ж ж | Жь жь | З з |
И и | Й й | К к | Ку ку | КI кI | КIу кIу | Къ къ | Къу къу |
Кхъ кхъ | Кхъу кхъу | Л л | Лъ лъ | ль | ЛI лI | М м | Н н |
О о | П п | ПI пI | Р р | С с | Т т | ТI тI | У у |
Ф ф | ФI фI | Х х | Ху ху | Хъ хъ | Хъу хъу | Хь хь | Ц ц |
ЦI цI | Ч ч | ЧI чI | Ш ш | Щ щ | ЩI щI | ъ | Ы ы |
ь | Ю ю | Я я | I | Iy |
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]Кæсгон поэзийы бындурæвæрæгыл нымад у Али Шогенцуков (1900—1941).
Эстрадæ
[ивын | Бындур ивын]Кæсгон æвзагыл зарынц иуæй-иу эстрадон зарæггæнджытæ. Уыдонæй зындгонддæр у Черим Нахушев (абазаг æвзагыл дæр зары).