Цъæхилты Йахйа
Внешний вид
Цъæхилты Йахйа | |
---|---|
тур. Yahya Alpay | |
Райгуырды датæ | 1920 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2004 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт |
Цъæхилты Мустафайы фырт Йахйа (тур. Yahya Alpay; райгуырдис 1920 азы, Турчы — амардис 2004 азы) уыдис ирон поэт.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Йахйа райгуырдис Турчы, Бозат, зæгъгæ, уыцы хъæуы. Йæ фыдæлтæ алыгъдысты Ламардонæй 1864 азы.[1] Лæппуйы фыд Мустафа къорд азы фæцардис Бруты, уыдис молло. Йахйа бакастис Бозаты хъæуы æртæкъласон скъолайы, стæй та Хъарсы иуæндæсазон скъолайы. 1941 азы йæм фæсидтысты æфсадмæ, ссис афицер. Уый фæстæ 30 азы дæргъы уыдис паддзахадон куысты. Амардис 2004 азы.
Йахйайы æмдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1995 азы Дзæуджыхъæуы.[2]
Йахйайы æмдзæвгæ
[ивын | Бындур ивын]Мах дæр уыдыстæм
- Мах дæр уыдыстæм
- Кавказаг,
- Мадæй, фыдæй, фыдыфыдæй.
- Мах дæр уыдыстæм
- Ахъаззаг,
- Æгъдауæй, кондæй,
- Уындæй.
- Мах дæр уыдыстæм
- Ирон,
- Цухъхъайæ, бæрцæй,
- Хæдонæй.
- Цухъхъа нал дарæм,
- Куырæт дæр,
- Фæцух стæм
- Не ’взагæй дæр.
- Цы ма ис амæй
- Риссагдæр?..
- Уæддæр
- Нæма æрцыди
- Нæ уарзондзинады
- Кæрон...
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Турчы ирæтты культурон-хæрзаудæн фонд «Алан» / Цъæхилты Йахйа Архивгонд æрцыдис 24 апрелы 2021 азы. (турк.)
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012