Хъодзаты Æхсар
Хъодзаты Æхсар | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1937-æм азы 30 июны |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2021-æм азы 13 ноябры (84 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | фыссæг, поэт, сæйраг редактор |
Хъодзаты Мæхæмæты фырт Æхсар (райгуырдис 1937-æм азы Бруты — амардис 2021-æм азы 13 ноябры) у зындгонд ирон поэт, прозаик, журнал «Мах дуджы» сæйраг редактор.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]1952-æм азы йæ бинонтæ алыгъдысты Кæсæг-Балхъары республикæмæ æмæ æрцардысты сахар Теречы. Ам Æхсар каст фæци астæуккаг скъола. 1955–1956 азты куыста Назраны станцæйы поездтæ аразæгæй. Уый фæстæ сси Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультеты студент, каст дзы фæци цыппар курсы. 1961–1963 азты куыста Мæцутæйы скъола-интернаты ахуыргæнæгæй, Алагиры районы газет «Путь к коммунизму»-йы редакцийы, 1963–1967 азты та — Цæгат Ирыстоны радиойы. 1969-æм азы Мæскуыйы каст фæци ССР Цæдисы цур Уæлдæр литературон курсытæ æмæ кусын райдыдта журнал «Мах дуг»-ы редакцийы 1977–1982 азты уыди Фысджыты цæдисы бæрнон секретарь. Ныртæккæ у журнал «Мах дуджы» сæйраг редактор.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Ossetians.com Хъодзаты Æхсар (уырыс.)