Сумо

Сумо (яп. 相撲 Sumō) у япойнаг хъæбысхæсты хуыз. Япойнæгтæ сумойы нымайынц уæздан хæстон дæсниадыл.
Сумойы уагæвæрд[ивын | Бындур ивын]
Сумойы хъæбысæйхæцджытæ (рикиси) хæцынц тымбыл бынаты æмæ цын ис дууæ сæйрагдæр уагæвæрды: йæ фады йеддæмæ æндæр буаруæнгæй зæххыл чи аныдзæва, кæнæ та хæцæн фæзы æдде фыццаг чи аныдзæва зæххыл, уый фæхæрды вæййы.
Сумо Ирыстоны[ивын | Бындур ивын]
Цæгат Ирыстоны хъæбысæйхæцджытæ дæр сумойæ хæцынц. Уыдонæй тæккæ зындгонд систы Хъæдгæронæй рацæугæ æфсымæртæ Борадзаты Сослан æмæ Борадзаты Батырадз. Уыдоны йеддæмæ Уæрæсейæ рикиситæ нæй (2005-æм азы уавæрмæ гæсгæ).
Борадзаты æфсымæрты йеддæмæ сумойæ хæцы æндæр ирон богъал — Гаглойты Сослан (йæ фæсномыг Ваканохо).
- Сумойы тыххæй бындурон хабæрттæ Архивгонд æрцыдис 23 декабры 2014 азы. (англ.)
- Гаглойты Сослан æмæ йæ фыдимæ интервью (уырыс.)