Бæрæгъуын
Внешний вид
Хъæу | |
Бæрæгъуын | |
---|---|
43°13′18″ с. ш. 44°13′23″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Æрыдоны район |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1922[1] |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘1777[2] адæймаджы (2023) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 86732 |
Посты индекстæ | 363320 |
|
Бæрæгъуын кæнæ Красногор[3] (уырыс. Красногор) у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Хъæу фæзындис 1922-æм азы кæддæры хъазахъхъаг зæххытыл[3], йæ бындур ын сæвæрдтой Уæлладжыры комæй ралидзæг ирæттæ. Фæстæдæр Красногоры цæрджытæ Бæрæгъуны ’рдæм ралыгъдысты, æмæ дыууæ хъæуы баиу сты — фæлæ сæ ныры онг, уæлдайдæр кар адæм, Бæрæгъуын хонынц[3].
Ардæм ралыгъдысты æрхон, Нузал, Уынал æмæ Уæлладжыры комы иннæ хъæутæй[4]:
- Æрхонæй — Икъатæ, Цомайтæ, Хуыдæлтæ, Хъаммæрзатæ;
- Бады хъæуæй — Дзустæ, Дзасохтæ, Чехойтæ, Нартыхътæ;
- Дæйыхъæуæй — Сопойтæ, Лолатæ, Хъантетæ, Токтæ;
- Джимийæ — Гаситæ;
- Луарæй — Цогойтæ;
- Нæзыджынæй — Дзитойтæ, Гаситæ, Хъуппетæ;
- Нузалæй — Мзоктæ;
- Уыналæй — Цæллагтæ, Годжитæ, Хъайттатæ;
- Холыстæй — Беккуызартæ, Притæ, Къутæртæ;
- Цъамадæй — Уырымтæ;
- Цъусæй — Реуазтæ.
Националон сконд
[ивын | Бындур ивын]Красногоры цæрынц канд ирæттæ нæ, фæлæ уырыссæгтæ æмæ туркæгтæ дæр. Уæрæсейы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ[5]
Адæмы хатт | Нымæц | Хай |
---|---|---|
ирæттæ | 1 316 | 81,6% |
уырыссæгтæ | 158 | 9,8% |
туркæгтæ | 98 | 6,1% |
æндæртæ | 41 | 2,5% |
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Берозты Батырадз. Переселение осетин с гор на плоскость (XVIII — XX вв.). — Орджоникидзе: Ир, 1980.
- ↑ Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 Артдзӕст. Красногор, Гаглойты Светланæйы алæвæрд. ПТРК «Алани»
- ↑ Хъайттаты Сергей. Ирон хабæрттæ — 3-æм рауагъд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009 — 591 ф.
- ↑ Том4. Таблица 4. Национальный состав РСОА по муниципальным образованиям по переписи 2010 года . Архив 2013-æм азы 19 августы.