Перейти к содержанию

Цъæйы ком

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цъæйы ком
Цъæйы ком
Цъæйы ком
Картæ
Цъæйы ком (Цæгат Ирыстон)
Цъæйы ком
Хъæутæ

Цъæйы ком, рагон ном у Хуыры ком[1] (уырыс. Цейское ущелье) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы ком. Ис Уæлладжыргомы.

Географи

[ивын | Бындур ивын]

Цъæйы ком геоморфологикон æгъдауæй у типикон, хорз куыстгонд трог — цъитион архайды фæстиуæг. Хихджын хъæдтæй æхгæд æмæ рагътæй гæрæнгонд, йæ алфæмблай Адайы хохы æмæ Елбатты цъуппытæ, Схъасы æмæ Цъæйы цъититæ ацы бынат у уæлдай хæрзуынд.

Цъæйы ком Къæрæугомы æфцæджы фæндагæй баст уыдис Рацъы комимæ æмæ Дыгургомимæ.

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Цъæйы ком уыдис Цæразонты исбон. Цардысты дзы Абайтæ, Баситæ, Гогатæ, Дзалатæ, Закатæ, Диамбегтæ, Айлартæ æмæ Мæрзойтæ.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. 125 ф.
  2. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999