Гогатæ
Внешний вид
| Гогатæ | |
|---|---|
| Рагон мыггаг | Тидлатæ |
| Æрвадæлтæ | |
| Къабæзтæ | Мырзатæ[1] |
| Кæм цардысты | Цъæй |
Гогатæ (уырыс. Гогаевы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Гогаты мыггаг рацыд Туалгомæй. Мыггаг равзæрд зындгонд Хетæджы байзæддагæй. Георгийы фырт Дзала, уый фырт — Хъайсын, Хъайсыны фырт Гога раджы кæддæр Нары комæй зæххагур æрбафтыд Уæлладжыры коммæ æмæ æрбынат кодта Цъæйы хъæуы. Ам йæ мыггаг йæхи номæй — Гогатæ, зæгъгæ, скодта, æмæ афтæмæй Цъæйы фæзынд Гогаты мыггаг. Гогатæй иу лæг Дыгургоммæ æрбалыгъд, æрцард Стыр Дыгуры зылды Моски хъæуы, ус ракуырдта æмæ бинонты хицау сси.
Гогаты мыггагæн хæстæг æрвадæлтыл нымад цæуынц: Дзалатæ, Дамбегтæ æмæ Сырхаутæ.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- 1 2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
Зындгонд Гогатæ
[ивын | Бындур ивын]- Гогаты Алан — Уæрæсейы хъæбысæйхæцæг.